Исай
59 Йегъовӕйы къух цыбыр не сси, цӕмӕй йӕ бон фервӕзын кӕнын ма уа+. Йӕ хъус ӕхгӕд нӕу, цӕмӕй йӕ бон ма уа фехъусын+. 2 Нӕ, уый уӕ уӕ фыдракӕндтӕ фӕхицӕн кодтой уӕ Хуыцауӕй+, уӕ тӕригъӕдты тыххӕй уӕ бамбӕхста йӕ цӕсгом, цӕмӕй уӕ ма хъуса+, 3 уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ сты тугӕйамӕст+, уе ’нгуылдзтӕ – фыдракӕндтӕй дзаг. Уӕ дзыхӕй цӕуы мӕнг ныхас+, уе ’взагыл ис мӕнгард ныхас+. 4 Рӕстдзинады сӕрыл ничи дзуры+, тӕрхондонмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй иу дӕр, ӕцӕг цы у, уый нӕ фӕдзуры. Сӕ зӕрдӕ дарынц ницӕуылты+ ӕмӕ кӕнынц ницӕйаг ныхӕстӕ+. Сӕ хуылфы сӕвзӕры фыдбылыз ӕмӕ ныййарынц фыдхъуыддӕгтӕ+.
5 Уыдон бадынц маргджын калмы ӕйчытыл ӕмӕ бийынц хӕлуарӕджы тын+. Уыцы ӕйчытӕй чи бахӕра, уый амӕлдзӕн, чи асӕтта, уыцы айкӕй та рабырдзӕн маргджын калм+. 6 Сӕ тын уӕлӕдарӕсӕн не сбӕздзӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй сӕхи нӕ бамбӕрздзысты+. Сӕ хъуыддӕгтӕ сты фыдхъуыддӕгтӕ, сӕ къухтӕ дзаг сты фыддзинадӕй+. 7 Уыдон бырсынц ӕвзӕрдзинад саразынмӕ+, тагъд кӕнынц ӕнаххос туг ныккалынмӕ+. Сӕ хъуыдытӕ сты фыдбылыз+. Цы фӕндӕгтыл цӕуынц, уыдоныл стигъынц ӕмӕ пырх кӕнынц+. 8 Фарны фӕндаг+ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ сӕ къахвӕндӕгтыл рӕстдзинад нӕй+. Сӕ фӕндӕгтӕ ныззылын кодтой+. Чи сыл цӕуы, уыдонӕй иу дӕр, фарн цы у, уый нӕ базондзӕн+.
9 Уый тыххӕй нӕм у дард раст тӕрхон ӕмӕ нӕм уый тыххӕй нӕ хӕццӕ кӕны рӕстдзинад. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм рухсмӕ, фӕлӕ талынг йеддӕмӕ ницы уынӕм, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ирд бонмӕ, фӕлӕ цӕуӕм саудалынджы+. 10 Куырмытау къулӕнцӕйтты цӕуӕм, нӕ развӕндаг сгаргӕ цӕуӕм, цыма ныл цӕстытӕ нӕй, уыйау+. Ӕмбисбон дӕр фӕкӕлӕм, цыма изӕрдалынгтӕ сты, афтӕ. Хъӕддых адӕмы ’хсӕн мӕрдтӕй уӕлдай не стӕм+. 11 Не ’ппӕт дӕр ӕрсытау богъ-богъ кӕнӕм ӕмӕ бӕлӕттау хъӕрзӕм+. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм раст тӕрхонмӕ+, фӕлӕ раст тӕрхон нӕй, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ирвӕзындзинадмӕ, фӕлӕ уый махӕй дард у+. 12 Нӕ фыдракӕндтӕ дӕ разы сбирӕ сты+, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй алкӕцыдӕр нӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы+. Мах зонӕм нӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ+. 13 Мах арӕзтам тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу Йегъовӕйыл нӕ къух систам+, нӕ Хуыцауы-иу ныууагътам. Дзырдтам-иу ӕфхӕрды ӕмӕ фыдракӕндты тыххӕй+. Нӕ зӕрдӕты-иу фӕзынд мӕнгдзинад ӕмӕ-иу кодтам мӕнг ныхӕстӕ+. 14 Раст тӕрхоныл фӕстӕмӕ ахӕцыдысты+, рӕстдзинад лӕууыд дард+. Ӕцӕгдзинад горӕты фӕзы фӕкалд ӕмӕ, раст цы у, уымӕн йӕ бон мидӕмӕ бахизын нӕу+. 15 Рӕстдзинад* нал ис+ ӕмӕ, йӕхи ӕвзӕрдзинадӕй чи хизы, уыцы адӕймаджы стигъынц+.
Йегъовӕ уыдӕттӕ федта, ӕмӕ, рӕстдзинад кӕй нал ис, уый йӕ цӕсты уыд тынг ӕвзӕр+. 16 Уый федта, чи баххуыс кӕна, иу ахӕм кӕй нӕй, ӕмӕ бадис кодта, хъуыддаг йӕ къухмӕ кӕй ничи исы, ууыл+. Йӕ цонг ын уыди ирвӕзынгӕнӕг, йӕ рӕстдзинад ын уыд ӕххуысгӕнӕг+. 17 Рӕстдзинад йӕ уӕлӕ скодта згъӕрхӕдонау+ ӕмӕ йӕ сӕрыл ӕркодта ирвӕзындзинады згъӕрхуд+. Скодта мастисӕн дарӕс+ ӕмӕ зынгзӕрдӕдзинад йӕхиуыл ӕнӕдыс къабайау ӕрбакодта+. 18 Ӕмӕ, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый ратдзӕн+: йӕ фыдгултыл йӕ маст ныккалдзӕн, йе знӕгтӕн цы хъӕуы, уый сын бакӕндзӕн+. Сакъадӕхтӕн бафиддзӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+. 19 Ныгуылӕны тӕрсдзысты Йегъовӕйы номӕй+ ӕмӕ скӕсӕны – йӕ кадӕй+, уымӕн ӕмӕ уый ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕйы комытӕф размӕ кӕй суры+, ахӕм фыдбылызхӕссӕг цӕугӕдонау.
20 «Сионмӕ+ ӕмӕ, Иаковы байзӕддӕгтӕй йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ ӕрцӕудзӕн+ сӕ Ӕлхӕнӕг»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
21 «Ӕз семӕ аразын ахӕм бадзырд»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
«Мӕ тых* – ды хайджын кӕмӕй дӕ+, уый, ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ – де ’взагыл дын кӕй сӕвӕрдтон+, уыдон,– ист не ’рцӕудзысты нӕдӕр дӕхицӕй, нӕдӕр дӕ цотӕй, нӕдӕр дӕ цоты цотӕй ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр»,– зӕгъы Йегъовӕ+.