Псалом
Амонӕгӕн. Давиды псалом.
14 Ӕнӕзонд йӕхинымӕр загъта:
«Нӕй Йегъовӕ»+.
Уыдон ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл+, бафтыдысты ӕлгъаг митыл.
Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+.
2 Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕркаст адӕймаджы фырттӕм+,
Цӕмӕй фена, исчи дзы ӕмбаргӕ у, исчи дзы Йегъовӕйы агуры+.
3 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты раст фӕндагӕй+, се ’ппӕт дӕр сты ӕмхуызон хӕлд+.
Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+,
Иу дӕр+.
4 Ау, фыдгӕнджытӕй иу дӕр ницы бамбӕрста?+
Дзул куыд хӕрай, афтӕ мын хӕрынц мӕ адӕмы+.
Уыдон не ссарынц Йегъовӕйы ном+.
6 Сымах худут ӕфхӕрд адӕймаджы фӕндтыл,
Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у йе ’мбӕхсӕн+.