Псалом
Амонӕгӕн. Лилитӕ*. Корейы фыртты псалом. Маскил*. Зарӕг уарзон сылгоймӕгты тыххӕй.
2 Адӕймаджы фырттӕй нӕй дӕу хуызӕн рӕсугъд+.
Куыд ӕхсызгон сты, де ’взагӕй цы ныхӕстӕ цӕуы, уыдон+.
Хуыцау дӕр дын уый тыххӕй раарфӕ кодта ӕнустӕм+.
4 Дӕ намысимӕ тындз уӕлахизмӕ+.
Ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл дӕ бӕхыл бадгӕйӕ размӕ бырс+,
Ӕмӕ дын дӕ рахиз къух равдисдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+.
6 Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.
Дӕ паддзахы лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг+.
7 Ды уарзыс рӕстдзинад+, фыддзинадӕй та уыныс де сӕфт+.
Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй+ уӕлдай Хуыцау, дӕ Хуыцау+, цины сойӕ+ дӕр уымӕн байсӕрста+.
8 Дӕ уӕлӕдарӕс иууылдӕр – миррӕ, алой ӕмӕ касси+.
Пылыстӕгӕй+ фӕлыст диссаджы галуанӕй хъуысы хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕны.
9 Паддзӕхты чызджытӕ+ сты, дӕ цӕсты стыр аргъ кӕмӕн ис, уыцы сылгоймӕгты ’хсӕн.
Дӕ рахиз фарс ӕрлӕууыд паддзахы ус+ Офирӕй ласт сызгъӕринты+.
11 Дӕ рӕсугъддзинад йӕхимӕ ӕлвасы паддзахы зӕрдӕ+,
Уымӕн ӕмӕ уый у дӕ сӕрыхицау+,
Ӕмӕ йын сӕрӕй ныллӕг акув+.
15 Ракӕндзысты сӕ хъӕлдзӕгӕй, кафгӕ ӕмӕ заргӕйӕ.
Уыдон бацӕудзысты паддзахы галуанмӕ.