1 Паддзӕхты
18 Рацыд бирӕ рӕстӕг+. Ӕмӕ ӕртыккаг аз Йегъовӕ Илийайӕн загъта: «Ацу Ахавмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕз хъуамӕ зӕххыл къӕвда рауадзон»+. 2 Илийа дӕр Ахавмӕ ацыд. Самарийы та уыцы рӕстӕг тынг ӕххормаг заман скодта+.
3 Уӕдмӕ Ахав йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Овадимӕ фӕдзырдта+. Овади Йегъовӕйӕ тынг тарст+, 4 ӕмӕ, Йезавел+ Йегъовӕйы пехуымпарты куы мардта+, уӕд Овади сӕдӕ пехуымпары акодта ӕмӕ сӕ лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй ӕмбӕхста ӕмӕ сын уырдӕм дзул ӕмӕ дон хаста+. 5 Ӕмӕ Ахав Овадийӕн загъта: «Ацу ӕмӕ, бӕстӕйы цыдӕриддӕр суадӕттӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ ис, уыдоныл ӕрзил. Кӕд искуы цъӕх кӕрдӕг ссариккам+, цӕмӕй нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфстӕ ма сыскъуыйой ӕмӕ нӕ фос мауал цагъды кӕной»+. 6 Ӕмӕ цы зӕххыл хъуамӕ ӕрзылдаиккой, уый дыууӕ дихы акодтой, ӕмӕ Ахав иуырдӕм ацыд, Овади та – иннӕрдӕм+.
7 Овади фӕндагыл куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл Илийа амбӕлд+. Овади йӕ базыдта ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау+ Илийа, уый ды дӕ?» 8 Илийа йын загъта: «О, ӕз дӕн. Ацу ӕмӕ дӕ хицауӕн+ зӕгъ: „Илийа ам ис“». 9 Фӕлӕ йын уый загъта: «Цавӕр тӕригъӕд+ ракодтон? Цӕмӕн дӕттыс дӕ цагъары Ахавы къухмӕ, цӕмӕн мӕ марын кӕныс? 10 Сомы дын кӕнын дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ, удӕгас Хуыцауӕй+: мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста, ахӕм адӕм ӕмӕ ахӕм паддзахад нал баззад. Ӕмӕ-иу ын, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, чи загъта, уыцы адӕмы ӕмӕ-иу уыцы паддзахад расомы кӕнын кодта, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй не ссардтой, уый тыххӕй+. 11 Ӕмӕ мын ды та ныр афтӕ зӕгъыс: „Ацу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ“. 12 Ӕз дӕуӕй куы ацӕуон, уӕд дӕ Йегъовӕйы тых*+ ахӕсдзӕн, ӕмӕ кӕдӕм, уымӕн ничи ницы базондзӕн. Ӕз та ацӕудзынӕн ӕмӕ Ахавӕн зӕгъдзынӕн, фӕлӕ дӕ уый не ссардзӕн, ӕмӕ мӕ уӕд ӕнӕмӕнг амардзӕн+. Афтӕмӕй та дӕ цагъар йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕ тӕрсы+. 13 Мыййаг, мӕ буц хицауӕн нӕ радзырдтой, Йезавел Йегъовӕйы пехуымпарты куы мардта, уӕд ӕз цы сарӕзтон? Йегъовӕйы пехуымпартӕй сӕдӕйы лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй куыд ӕмбӕхстон+ ӕмӕ сын уырдӕм дзул ӕмӕ дон+ куыд хастон? 14 Ӕмӕ мын ды та ныр афтӕ зӕгъыс: „Ацу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ“. Амардзӕн мӕ!»+ 15 Фӕлӕ Илийа загъта: «Сомы дын кӕнын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ+, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцауӕй+: тӕккӕ абон ӕм бацӕудзынӕн».
16 Уӕд Овади дӕр Ахавмӕ ацыд ӕмӕ йӕм Илийайы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта, ӕмӕ Ахав Илийайы размӕ рацыд.
17 Куыддӕр Ахав Илийайы федта, афтӕ йын загъта: «Уый ды дӕ, Израилы сафӕг?»+
18 Илийа йын дзуапп радта: «Израилы сафӕг ӕз нӕ дӕн+, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар+, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл уӕ къух систат+ ӕмӕ Ваалты фӕдыл ацыдыстут+. 19 Ныр дӕ лӕггадгӕнджыты арвит ӕмӕ мӕм Кармилы хохмӕ+ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр, стӕй Ваалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары+ ӕмӕ, цӕджындзӕн+ чи кувы, уыцы цыппарсӕдӕ пехуымпары, Йезавелы фынгӕй чи хӕры, уыдоны»+. 20 Ӕмӕ Ахав йӕ лӕггадгӕнджыты Израилы фырттӕм арвыста ӕмӕ пехуымпарты+ Кармилы хохмӕ ӕрӕмбырд кодта.
21 Уӕд Илийа ӕппӕт адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй, кӕдмӕ дыууӕрдӕм кӕндзыстут?+ Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд йӕ фӕдыл цӕут+, кӕд Ваал у, уӕд та уый фӕдыл цӕут». Фӕлӕ адӕмӕн сӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. 22 Ӕмӕ сын уӕд Илийа загъта: «Йегъовӕйы пехуымпартӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн+, Ваалы пехуымпартӕ та цыппарсӕдӕ фӕндзай сты. 23 Дыууӕ уӕныджы нын раттӕнт, ӕмӕ дзы уыдон иу сӕхицӕн равзарӕнт, акусарт ӕй кӕнӕнт ӕмӕ йӕ сугты сӕр сӕвӕрӕнт, фӕлӕ йын йӕ быны арт ма скӕнӕнт. Иннӕ уӕныг та ӕз акусарт кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ сугты сӕр сӕвӕрдзынӕн, фӕлӕ йын йӕ быны арт не скӕндзынӕн. 24 Ӕмӕ сымах уӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй скувдзыстут+, ӕз та скувдзынӕн Йегъовӕмӕ йӕ номӕй. Ӕмӕ, дзуапп чи ратта, зынг чи рарвита+, уыцы Хуыцау у ӕцӕг Хуыцау»+. Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр загътой: «Афтӕ уӕд».
25 Уый фӕстӕ Илийа Ваалы пехуымпартӕн загъта: «Сымах уал равзарут иу уӕныг ӕмӕ йӕ акусарт кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах фылдӕр стут. Ӕмӕ скувут уӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй, фӕлӕ нывонды бын арт ма скӕнут». 26 Уыдон дӕр, кӕй сын радта, уыцы уӕныджы ракодтой, акусарт ӕй кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Ваалмӕ куывтой: «Ваал, фехъус нӕ!» Фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы+, дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд+. Уыдон та, цы нывондхӕссӕн сарӕзтой, уый алыварс фӕчепфӕчепгӕнгӕ кафыдысты. 27 Сихорыл сӕ Илийа хынджылӕг кӕнын райдыдта+: «Уӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнут, хуыцау куы у+. Кӕд ӕй, мыййаг, не ’вдӕлы, йе та кӕд йӕ гуыбын срыст+ ӕмӕ уазӕгдонмӕ* бауад+. Йе та, ӕвӕццӕгӕн, бафынӕй ӕмӕ йӕ райхъал кӕнын хъӕуы!»+ 28 Уыдон дӕр сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтой ӕмӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ хъаматӕй ӕмӕ ӕрцытӕй сӕхи лыгтӕ кодтой+, цалынмӕ сӕ туг нӕ ракалд, уӕдмӕ. 29 Хур фӕкъул ӕмӕ хоры кувинаг хӕссыны афон дӕр ӕрцыд, уӕд дӕр ма сӕхи пехуымпартау дардтой+, фӕлӕ – никуы ӕмӕ ницы, дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд, ничи сӕ фехъуыста+.
30 Уӕд Илийа адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Хӕстӕгдӕр мӕм рацӕут». Адӕм дӕр йӕ размӕ бацыдысты. Уый фӕстӕ ногӕй сарӕзта Йегъовӕйы нывондхӕссӕн, пырх чи уыд, уый+. 31 Райста дыууадӕс дуры – Йегъовӕ афтӕ кӕмӕн загъта+, дӕ ном уыдзӕн Израил+, зӕгъгӕ, уыцы Иаковы фырттӕ цал уыдысты, уал дуры. 32 Ӕмӕ уыцы дуртӕй Йегъовӕйы номыл+ нывондхӕссӕн скодта+, йӕ алыварс та йын скъахта къанау. Уыцы бынат уыди, дыууӕ къусы* мыггӕгтӕ кӕм уыд байтауӕн, ахӕм хуымы йас. 33 Уый фӕстӕ нывондхӕссӕныл сугтӕ сӕвӕрдта+, стӕй уӕныджы ауӕнгтӕ кодта ӕмӕ йӕ сугты сӕр ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ загъта: «Цыппар стыр дурыны донӕй байдзаг кӕнут ӕмӕ уыцы дон судзинаг нывондыл ӕмӕ сугтыл рауадзут». 34 Уый фӕстӕ сын загъта: «Ногӕй та афтӕ бакӕнут». Уыдон дӕр ногӕй афтӕ бакодтой. Ӕмӕ та сын загъта: «Ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ бакӕнут». Ӕмӕ та ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ бакодтой, 35 ӕмӕ дон нывондхӕссӕны фӕрстӕй ракалд. Стӕй къанау дӕр донӕй байдзаг кодта.
36 Хоры кувинаг хӕссыны афон куы ’рцыд+, уӕд пехуымпар Илийа нывондхӕссӕны размӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау, уадз ӕмӕ абон базоной, ды Израилы Хуыцау кӕй дӕ+, ӕз та дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ дӕ ныхасмӕ+ гӕсгӕ кӕй сарӕзтон. 37 Фехъус мӕ, о Йегъовӕ, фехъус мӕ, цӕмӕй ацы адӕм базоной, ды, Йегъовӕ+, ӕцӕг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕстӕмӕ дӕхирдӕм кӕй здахыс»+.
38 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕ арт+ ӕрцыд ӕмӕ аныхъуырдта судзинаг нывонд+, сугтӕ, дуртӕ ӕмӕ сыджыт дӕр, стӕй, къанауы цы дон уыд, уый дӕр+. 39 Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой, сӕ сӕртӕй зӕххы онг акуывтой+ ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау! Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» 40 Уӕд сын Илийа загъта: «Ваалы пехуымпарты ӕрцахсут! Иуы дӕр дзы ма ауадзут!» Уыдон дӕр сӕ уайтагъд ӕрцахстой. Ӕмӕ сӕ Илийа Киссоны дӕлвӕзмӕ+ акодта ӕмӕ сӕ уым амардта+.
41 Ахавӕн та Илийа загъта: «Ацу, хӕр ӕмӕ нуаз+, уымӕн ӕмӕ тӕрккъӕвдайы уынӕр хъуысы»+. 42 Ахав дӕр минас кӕнынмӕ ацыд. Илийа та Кармилы хохы цъупмӕ ссыд, уым зӕххыл йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йӕ сӕр йӕ дыууӕ уӕраджы астӕу бакодта+. 43 Стӕй йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Уӕлдӕр-ма ссу ӕмӕ-ма денджызы ’рдӕм акӕс». Уый дӕр ссыд, акаст ӕмӕ загъта: «Ӕппындӕр дзы ницы ис». Ӕмӕ та йын Илийа загъта: «Цу, ногӕй та акӕс», ӕмӕ афтӕ – авд хатты+. 44 Ӕвдӕм хатт куы акаст, уӕд загъта: «Денджызӕй ссӕуы гыццыл мигъ, адӕймаджы армыйас»+. Ӕмӕ йын уӕд Илийа загъта: «Цу ӕмӕ Ахавӕн афтӕ зӕгъ: „Бӕхтӕ аифтындз+ ӕмӕ цӕугӕ кӕн, цӕмӕй дӕ тӕрккъӕвда ма ӕрӕййафа!“» 45 Уӕдмӕ сау мигътӕ арв ӕрбамбӕрзтой, дымгӕ* сыстад+ ӕмӕ къӕвда ныккалдта+. Ахав та бӕхуӕрдоныл Изреелмӕ+ фӕцӕйцыд. 46 Илийайыл уыд Йегъовӕйы къух+, ӕмӕ Илийа, йӕ дарӕсы фӕдджитӕ йӕ роны атъыста+, афтӕмӕй суанг Изреелмӕ Ахавы разӕй лыгъд+.