1 Паддзӕхты
16 Йегъовӕ Ананийы фырт+ Ииуйы+ уылты фехъусын кодта, Ваасӕйӕн цы тӕрхон рахаста, уый: 2 «Ӕз дӕ зӕххӕй систон+ ӕмӕ дӕ мӕ адӕм Израилӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдтон+, фӕлӕ ды Йеровоамы фӕндагыл ацыдтӕ+ ӕмӕ мын мӕ адӕм Израилы тӕригъӕды бафтыдтай, ӕмӕ мӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ӕфхӕрдтой+. 3 Уый тыххӕй ӕз Ваасӕйӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзар дӕр фесафдзынӕн ӕмӕ, Наваты фырт Йеровоамы хӕдзарӕн куыд бакодтон, афтӕ бакӕндзынӕн йӕ хӕдзарӕн дӕр+. 4 Ваасӕйӕн горӕты чи амӕла, уый куыйтӕ бахӕрдзысты, быдыры йын чи амӕла, уый та уӕларвон мӕргътӕ бахӕрдзысты»+.
5 Ваасӕйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 6 Ӕппынфӕстаг Ваасӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Фирцӕйы+ бавӕрдтой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Илӕ. 7 Ананийы фырты уылты, ома пехуымпар Ииуйы уылты, Йегъовӕ Ваасӕйӕн фехъусын кодта, Ваасӕйӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый+ – Йегъовӕйы раз фыдхъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта ӕмӕ йӕ йӕ хъуыддӕгтӕй+ кӕй ӕфхӕрдта+, стӕй Надавы дӕр кӕй амардта, уый тыххӕй, Йеровоамы хӕдзарыл цы бон акодта, уыцы бон акӕндзӕн йӕ хӕдзарыл дӕр+.
8 Ваасӕйы фырт Илӕ Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы дыууын ӕхсӕзӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Фирцӕйы паддзахиуӕг кодта дыууӕ азы. 9 Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Зимри+, бӕхуӕрдӕттӕн се ’мбис кӕй дӕлбар уыд, уый, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта. Илӕ Фирцӕйы йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Арсӕйы хӕдзары куы уыд+, уӕд банызта+ ӕмӕ фӕрасыг, 10 ӕмӕ йӕм Зимри бацыд ӕмӕ йӕ амардта+. Ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах. Уыцы хабар ӕрцыд, Асӕ Иудӕйы дыууын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 11 Куыддӕр Зимри паддзах сси ӕмӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадт, афтӕ, Ваасӕйы хӕдзарӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны ныццагъта. Йӕ хӕдзары йын нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал ныууагъта+, йӕ тугисджыты дӕр+ ӕмӕ йын йе ’рдхӕрдты дӕр амардта. 12 Гъемӕ, Ваасӕйы хӕдзарӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны Зимри бындзагъд фӕкодта+, Йегъовӕ Ваасӕйы тыххӕй пехуымпар Ииуйы+ уылты куыд загъта, афтӕ+, 13 уымӕн ӕмӕ Ваасӕ ӕмӕ йӕ фырт Илӕ+ арӕзтой тӕригъӕдтӕ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдтой, ӕмӕ сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕй+ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой. 14 Илӕйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.
15 Зимри паддзах сси, Асӕ Иудӕйы дыууын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Фирцӕйы паддзахиуӕг кодта авд боны+. Уыцы рӕстӕг адӕм филистимӕгты горӕт Гавафоны+ раз ӕрбынат кодтой, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. 16 Гавафоны раз цы адӕм уыд, уыдон фехъуыстой, Зимри паддзахы ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодта ӕмӕ йӕ кӕй амардта. Ӕмӕ уыцы бон израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, се ’фсад кӕм ӕрбынат кодта, уым Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой ӕфсады хистӕр Амврийы+. 17 Уӕд Амври ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Гавафонӕй ацыдысты ӕмӕ Фирцӕйыл ӕртыхстысты+. 18 Горӕт кӕй бацахстой, уый Зимри куы федта, уӕд бацыд, паддзахы хӕдзары цы цӕрӕн мӕсыг уыд, уырдӕм ӕмӕ паддзахы хӕдзарыл арт бандзӕрста, йӕхӕдӕг дӕр уым уыд, афтӕмӕй, ӕмӕ амард+, 19 цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй. Зимри арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ ӕмӕ цыди Йеровоамы фӕндагыл – Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта+. 20 Зимрийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, цы сусӕгвӕнд скодта, уый тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.
21 Уыцы рӕстӕг Израилы адӕм дыууӕ дихы фесты+: иутӕ дзы Гонафы фырт Фамнийы фарс слӕууыдысты, паддзахӕй йӕ сӕвӕрӕм, зӕгъгӕ, иннӕтӕ та – Амврийы фарс. 22 Фӕлӕ ӕппынфӕстаг, Амврийы фарс чи уыд, уыдон фӕуӕлахиз сты, Гонафы фырт Фамнийы фарс чи уыд, уыдоныл. Фамни фӕмард, Амври та сси паддзах.
23 Амври Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы ӕртын фыццӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ паддзах уыди дыууадӕс азы, уыдонӕй ӕхсӕз азы – Фирцӕйы. 24 Амври Шемерӕй дыууӕ ӕвзист талантӕй балхӕдта Самарийы хох, горӕт ыл сарӕзта ӕмӕ йӕ схуыдта Самари+ – хох кӕй уыди, уый номӕй, ома Шемеры номӕй. 25 Амври арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци+. 26 Амври цыд Наваты фырт Йеровоамы фӕндӕгтыл+: Йеровоам тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой. Ӕмӕ дзы Амври дӕр фӕсте ницы ныууагъта+. 27 Амврийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – цы ма сарӕзта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ хъомысы тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 28 Ӕппынфӕстаг Амври йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Самарийы бавӕрдтой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахав+.
29 Амврийы фырт Ахав Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы ӕртын ӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ горӕт Самарийы+ Израилӕн паддзах уыд дыууын дыууӕ азы. 30 Амврийы фырт Ахав арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци+. 31 Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон кӕй арӕзта+, уый йын фаг нӕ уыд+, фӕлӕ ма сидойнӕгты+ паддзах Ефваалы чызг Йезавелы+ дӕр ракуырдта+, ӕмӕ райдыдта Ваалӕн кувын+ ӕмӕ йын табу кӕнын. 32 Уымӕй уӕлдай ма Ваалӕн Самарийы кувӕндон+ сарӕзта ӕмӕ уыцы кувӕндоны Ваалӕн нывондхӕссӕн сӕвӕрдта. 33 Стӕй ма сӕвӕрдта кувӕн цӕджындз дӕр+. Израилы Хуыцау Йегъовӕйы Ахав куыд ӕфхӕрдта, афтӕ+ йӕ, Израилы йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй иу дӕр не ’фхӕрдта.
34 Ахавы рӕстӕджы вефилаг Ахиил ногӕй сарӕзта Иерихон. Ӕмӕ йын бындур цы бон ӕрӕвӕрдта, уыцы бон йӕ хистӕр фырт Авирон амард, йӕ кулдуӕрттӕ йын цы бон сӕвӕрдта, уыцы бон та – йӕ кӕстӕр фырт Сегув, Йегъовӕ Навины фырт Йесойы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.