Исай
11 Йессейы+ бындзӕфхадӕй рацӕудзӕн къалиу+, йӕ уидӕгтӕй ссӕудзӕн тау+ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн бирӕ дыргъ+. 2 Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых*+ – схайджын уыдзӕн зонд+ ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй+, уынаффӕ, хъомыс+ ӕмӕ зонындзинӕдтӕй+ ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ+. 3 Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад+.
Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф+. 4 Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон+, зӕххыл цы сабыр* адӕм ис, уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй. Йӕ дзыхӕй цы лӕдзӕг цӕудзӕн+, уымӕй зӕхх ӕрцӕвдзӕн ӕмӕ йӕ комытӕфӕй фыдгӕнӕджы амардзӕн+. 5 Йӕ астӕу ӕлвӕст уыдзӕн рӕстдзинадӕй+, йӕ астӕуыл ронау баст уыдзӕн иузӕрдиондзинад+.
6 Бирӕгъ ӕмӕ-иу уӕрыкк иуцасдӕр уыдзысты иумӕ+, фыранк хуысдзӕн сӕныччы фарсмӕ. Род, ӕвзонг домбай+ ӕмӕ хӕрзхаст фос уыдзысты иумӕ+ ӕмӕ сӕ гыццыл лӕппу ракӕн-бакӕн кӕндзӕн. 7 Хъуг ӕмӕ арс иумӕ хиздзысты, ӕмӕ сӕ лӕппынтӕ кӕрӕдзи фарсмӕ хуысдзысты. Ӕмӕ домбай дӕр галау хӕрдзӕн хъӕмп+. 8 Дзидзидай сывӕллон хъаздзӕн кобрӕйы+ хуынчъы сӕрмӕ, дзидзийӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, ахӕм сывӕллон йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн маргджын калмы хуынкъыл. 9 Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл+ иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты+ ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ+.
10 Уыцы бон+ Йессейы+ уидаг адӕмыхӕттытӕн лӕудзӕн амонӕн цӕджындзау+. Адӕмтӕ дзы разамынд агурдзысты+, ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат скадджын уыдзӕн+.
11 Уыцы бон та Йегъовӕ ногӕй, дыккаг хатт+, йӕ къух бадӕтдзӕн, цӕмӕй, йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕна Ассирийӕ+, Египетӕй+, Пафросӕй+, Кушӕй*+, Еламӕй+, Сеннаарӕй+, Хаматӕй ӕмӕ денджызы сакъадӕхтӕй+. 12 Уый адӕмтӕн сӕвӕрдзӕн амонӕн цӕджындз ӕмӕ, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. Иудӕйы адӕмӕй чи ныххӕлиу, уыдоны ӕрбамбырд кӕндзӕн зӕххы цыппар кӕронӕй+.
13 Уӕд Ефрем хӕлӕг нал кӕндзӕн+, ӕмӕ, Иудӕмӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдон фесӕфдзысты. Ефрем Иудӕмӕ нал хӕлӕг кӕндзӕн, ӕмӕ Иудӕ дӕр Ефреммӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзӕн+. 14 Уыдон сӕхи ныццӕвдзысты филистимӕгты къуылдымыл ныгуылӕнырдыгӕй+, иумӕ бастигъдзысты Скӕсӕны цӕрӕг адӕмы+. Сӕ къух сисдзысты+ Едом ӕмӕ Моавмӕ ӕмӕ Аммоны фырттӕ уыдзысты сӕ дӕлбар+. 15 Йегъовӕ Египеты денджызӕн+ йӕ нарӕг бакӕлӕн алыг кӕндзӕн, йӕ тӕвд комытӕф цӕудзӕн ӕмӕ афтӕмӕй Стыр цӕугӕдонмӕ+ йӕ къух ӕртхъирӕнгӕнӕгау батилдзӕн. Ӕрцӕвдзӕн ын йӕ авд цӕугӕдоны ӕмӕ сыл адӕм ахиздзысты гом дзабырты+. 16 Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа+, уыдонӕн Ассирийӕ конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг+, Израилы адӕм Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд куыд уыди, афтӕ.