Давиды псалом. Авимелехы раз йӕхи ӕррайы ӕфсон куы скодта+, ӕмӕ йӕ Авимелех куы ратардта ӕмӕ куы ацыд, уӕд.
א [А́леф]
34 Ӕз алкӕддӕр арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн+,
Йӕ кады кой ӕдзух уыдзӕн ме ’взагыл+.
ב [Бет]
2 Мӕ уд сӕрыстыр уыдзӕн Йегъовӕйӕ+.
Сабыр адӕм фехъусдзысты, ӕмӕ цин кӕндзысты+.
ג [Ги́мел]
3 Мемӕ кадджын кӕнут Йегъовӕйы+,
Йӕ ном ын иумӕ сбӕрзонд кӕнӕм+.
ד [Да́лет]
4 Ӕз Йегъовӕйы бафарстон, ӕмӕ мын дзуапп радта+,
Цӕмӕй тарстӕн,– алцӕмӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта+.
ה [Хе]
5 Уыдон ӕм бакастысты, ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты+,
Сӕ цӕсгӕмттӕ худинагӕй нӕ сыгъдысты+.
ז [За́йин]
6 Уыцы ӕфхӕрд адӕймаг сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста+
Ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт мӕстытӕй дӕр фервӕзын кодта+.
ח [Хет]
7 Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны+
Ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны+.
ט [Тет]
8 Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый+.
Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта+.
י [Йод]
9 Тӕрсут Йегъовӕйӕ, йӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕ+.
Чи дзы тӕрсы, уыдон цух ницӕмӕй сты+.
כ [Каф]
10 Домбӕйттӕн дӕр хӕринаг нӕ вӕййы ӕмӕ вӕййынц ӕххормаг+,
Йегъовӕйы чи агуры, уыдон та хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты+.
ל [Ла́мед]
11 Рацӕут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ мӕм байхъусут+,
Йегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый уын бамбарын кӕндзынӕн+.
מ [Мем]
12 Чи у уыцы адӕймаг, цард чи уарзы+
Ӕмӕ бирӕ фӕцӕрын ӕмӕ хорздзинӕдтӕ фенын кӕй фӕнды?+
נ [Нун]
13 Дӕхи хъахъхъӕн, дӕ дзыхӕй ӕвзӕрдзинад куыд нӕ цӕуа+
Ӕмӕ де ’взагыл мӕнг ныхас куыд нӕ уа+.
ס [Са́мех]
14 Дӕхи хиз ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ араз хорздзинад+,
Архай иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырн+.
ע [А́йин]
15 Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм+,
Ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ+.
פ [Пе]
16 Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ ныхмӕ у+,
Цӕмӕй сын зӕххӕй сӕ кой дӕр фесафа+.
צ [Ца́де]
17 Рӕстгӕнджытӕ ӕххуысмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фехъуыста+
Ӕмӕ сӕ се ’ппӕт мӕстытӕй дӕр фервӕзын кодта+.
ק [Коф]
18 Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ+,
Ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны+.
ר [Реш]
19 Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн+,
Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны+.
ש [Шин]
20 Йе стджытӕ йын иууылдӕр хъахъхъӕны,
Иу дӕр ын дзы саст не ’рцыд+.
ת [Тав]
21 Фыдгӕнӕджы бӕллӕх баййафдзӕн, ӕмӕ фесӕфдзӕн+.
Рӕстгӕнӕгӕй йе сӕфт чи уыны, уыдон нымад ӕрцӕудзысты аххосджыныл+.
22 Йегъовӕ ирвӕзын кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты+.
Йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыдонӕй иу дӕр аххосджыныл нымад не ’рцӕудзӕн+.