Аввакум
3 Пехуымпар Аввакумы куывд – ӕнкъард зарджытӕ: 2 «О Йегъовӕ, ӕз дӕу тыххӕй фехъуыстон+. Йегъовӕ, дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тас бауагътой+.
Йӕ рӕстӕджы* та сӕ сног кӕн! Йӕ рӕстӕджы сӕ фехъусын кӕн. Мӕстӕй куы судзай, уӕд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын ма ферох кӕн+.
3 Хуыцау ӕрцыд Феманӕй, Сыгъдӕг Хуыцау – Фараны хохӕй+. (Села́*+)
Йӕ кад уӕлӕрвтӕ бамбӕрзта+, ӕмӕ зӕхх дӕр йӕ кадӕй байдзаг+.
4 Хурау тӕмӕнтӕ калдта+. Йӕ къухӕй цыди дыууӕ тыны, ӕмӕ уым уыд ӕмбӕхст йӕ хъару+.
5 Йӕ разӕй цыди фыдниз+, ӕмӕ йӕ къӕхты бынӕй – тӕфсӕг+.
6 Ӕрлӕууыд, ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кодта+. Йӕ цӕст ахаста, ӕмӕ адӕмтӕ фыртӕссӕй барызтысты+.
Ӕнусон хӕхтӕ ныппырх сты+, ӕнусон къуыбыртӕ сӕ сӕртӕ ӕруагътой+. Ахӕм сты йӕ рагон фӕндӕгтӕ.
7 Ӕз федтон, Кушы цатыртӕ куыд хъизӕмар кодтой. Мадиамы+ зӕххыл цатырты ӕмбӕрзӕнтӕ базмӕлыдысты+.
8 О Йегъовӕ, дӕ бӕхтыл куы фӕцӕйцыдтӕ+, уӕд цымӕ цӕугӕдӕттӕм ссыгъд дӕ маст+ ӕви денджызыл калдтай дӕ масты цӕхӕртӕ?+ Дӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕрхастой ирвӕзындзинад+.
9 Де ’рдын йе ’вӕрӕнӕй систай+. Мыггӕгтӕ расомы кодтой+. (Села́) Зӕхх цӕугӕдӕттӕй ныддихтӕ кодтай+.
10 Хӕхтӕ дӕ федтой, ӕмӕ фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ сты+. Арв ныггыбар-гыбур кодта. Арф доны хъӕр райхъуыст+, йӕ къух бӕрзонд систа.
11 Хур ӕмӕ мӕй арвы астӕу+ ӕрлӕууыдысты+. Дӕ фаттӕ рухсы тынтау тахтысты+. Дӕ арц арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта+.
12 Зӕххыл дӕ фыдӕх калгӕйӕ цыдтӕ. Адӕмты най кодтай мӕстӕй судзгӕйӕ+.
13 Ды рацыдтӕ дӕ адӕмы фервӕзын кӕнынмӕ+, дӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыдгӕнӕджы хӕдзары хистӕрӕн йӕ сӕр ныцъцъӕл кодтай+. Хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныппырх, дур дзы дурыл нал баззад+. (Села́)
14 Йӕ хӕстонтӕ мӕ ныхмӕ тыхдымгӕйау куы рацыдысты+, уӕд сӕ сӕхи хӕцӕнгӕрзтӕй ныццагътай+. Ӕфхӕрд адӕймаджы сусӕг ран аныхъуырынмӕ чи хъавы, уыдонау цин кодтой+.
15 Дӕ бӕхтимӕ денджызыл, ӕнӕкӕрон абухгӕ доны гуылфӕнтыл ахызтӕ+.
16 Ӕз уый фехъуыстон, ӕмӕ мӕ хуылфыдзаумӕттӕ сызмӕлыдысты. Уыцы хабарӕй мӕ былтӕ базыр-зыр кодтой. Ме стджытӕ ӕмбийын райдыдтой+. Фыртӕссӕй барызтӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнцад ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн бӕллӕхы бонмӕ+. Уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ адӕмыл+ йӕхи ныццӕвдзӕн.
17 Легъуибӕлас дидинӕг куы нӕ ракала+, сӕнӕфсир дыргъ куы нӕ ратта, оливӕбӕласыл куы ницы ӕрзайа, быдырты тыллӕг куы нӕ уа+, фысдоны фыстӕ куы нал баззайа ӕмӕ хъомдоны та – стуртӕ+,
18 Уӕддӕр Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин+, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл+.
19 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ у мӕ хъару+. Мӕ къӕхтӕ мын саджы къӕхтӕ фестын кӕндзӕн+ ӕмӕ мӕ бӕрзӕндтӕм скӕндзӕн+.
Амонӕгӕн: зарын ӕй хъӕуы мӕ хъисфӕндырты цагъдмӕ.