Ионӕ
2 Кӕсаджы хуылфы Ионӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скуывта+ 2 ӕмӕ загъта:
«Мӕ тыхсты сахат Йегъовӕмӕ скуывтон+, ӕмӕ мын дзуапп радта+.
Ингӕны* арфӕй дӕм ӕххуысмӕ сдзынӕзтон+,
Ӕмӕ мӕ ды фехъуыстай+.
3 Доны ӕрфытӕм, денджызы астӕумӕ мӕ куы ныппӕрстай+,
Уӕд доны гуылфӕнты астӕу бахаудтӕн.
Де знӕт уылӕнтӕн... сӕ быны фӕдӕн+.
5 Дӕттӕ мӕ хъуырмӕ схӕццӕ сты+, арф дӕттӕ мыл ӕртыхстысты.
Доны зайӕгойтӕ мӕ сӕрыл стыхстысты.
6 Хӕхты рӕбынтӕм ныххӕццӕ дӕн.
Зӕхх мыл йӕ кулдуӕрттӕ сӕхгӕдта ӕнустӕм.
Фӕлӕ мӕ ды, Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, уыцы дзыхъхъӕй удӕгасӕй систай+.
7 Мӕ уд удыл куы нал хӕцыд+, уӕд Йегъовӕйы ӕрхъуыды кодтон+.
Ӕмӕ дӕм мӕ куывд дӕ рухс кувӕндонмӕ фӕхӕццӕ+.
8 Мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдон сӕхи ӕнӕхай кӕнынц ӕнувыд уарзтӕй*+.
9 Ӕз та дын арфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын нывонд ӕрхӕсдзынӕн+.
Цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ»+.
10 Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ кӕсагӕн загъта, ӕмӕ кӕсаг Ионӕйы зӕхмӕ раппӕрста+.