Ефесӕгтӕм
3 Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ сымах, ӕндӕр адӕмты сӕрвӕлтау+ ахст лӕг...*+ 2 Сымах, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстат, ахӕм хӕс мын лӕвӕрд кӕй ӕрцыд+, цӕмӕй уын баххуыс кӕнон ӕмӕ уын Хуыцауы стыр хорзӕх пайда ӕрхӕсса: 3 кӕй мын раргом йӕ фӕндоны сусӕгдзинад+ – уый тыххӕй ма уӕм уӕлдӕр цыбыртӕй ныффыстон. 4 Гъемӕ ацы фыстӕг куы кӕсат, уӕд ӕй уӕхӕдӕг фендзыстут, Чырыстийы тыххӕй сусӕгдзинад+ цӕй мидӕг ис, уый ӕцӕгдӕр кӕй ӕмбарын+. 5 Ацы сусӕгдзинад+ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй йӕ сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн+ ныр куыд раргом+, афтӕ раздӕры фӕлтӕртӕн нӕ уыд ӕргом. 6 Уыцы сусӕгдзинад та уый мидӕг ис, ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи сты, уыдон дӕр, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады ӕмӕ хорз хабары фӕрцы, йемӕ иумӕ кӕй суыдзысты бындартӕ, уыцы иу буары уӕнгтӕ+ ӕмӕ сын немӕ иумӕ кӕй уыдзӕн хай зӕрдӕвӕрдӕй+. 7 Ӕз уыцы сусӕгдзинад хъусынгӕнӕг+ сдӕн Хуыцауы лӕвары фӕрцы, йе стыр хорзӕхы фӕрцы. Уыцы лӕвар мын кӕй радта, уымӕй равдыста йӕ тых+.
8 Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕрӕн+, уыцы стыр хорзӕх+ уый тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кӕнон+ Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинӕдты+ тыххӕй хорз хабар 9 ӕмӕ цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕнон, ӕппӕт сфӕлдисӕг+ Хуыцау ӕнусты дӕргъы кӕй ӕмбӕхста, уыцы сусӕгдзинад+ куыд ӕргом кӕны, уый+. 10 Уый уымӕн афтӕ уыд, цӕмӕй ныр, уӕлӕрвты хицауад ӕмӕ хицаудзинадӕй+ цы ис, уыдонӕн ӕмбырды уылты раргом уа+, алы ӕмӕ алыхуызӕтты чи зыны, Хуыцауы уыцы зонд+. 11 Уый у, фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодта ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ+ баст чи у, йӕ уыцы ӕнусон фӕндмӕ гӕсгӕ. 12 Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы нӕ бон у Хуыцауимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын*+ ӕмӕ йӕ разы ныфсджынӕй ӕрлӕууын. 13 Ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ курӕг дӕн: сымах сӕрвӕлтау цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын+, уыдоны тыххӕй уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн кад хӕссынц.
14 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ зонгуытыл лӕууын+ нӕ Фыды раз+,– 15 арвыл ӕмӕ зӕххыл алы бинонтӕн+ дӕр номӕвӕрӕг+ чи у, уый раз,– 16 ӕмӕ йӕм кувын, цӕмӕй йе стыр кадмӕ+ гӕсгӕ йӕ сыгъдӕг тыхы хъаруйӕ+ сфидар кӕна, уӕ мидӕг цы адӕймаг+ ис, уый, 17 ӕмӕ уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты цӕра уарзондзинадимӕ+ иумӕ, уидӕгтӕ куыд ауадзат+ ӕмӕ фидар бындурыл фидар куыд лӕууат+. 18 Афтӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ иумӕ уӕ бон кӕронмӕ бамбарын уыдзӕн+, цы у рӕстдзинадӕн* йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф+, 19 ӕмӕ базондзыстут Чырыстийы уарзт+, цыфӕнды зонындзинӕдтӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый, цӕмӕй, Хуыцауӕй цыдӕриддӕр миниуджытӕ цӕуы, уыдонӕй ӕххӕстӕй хайджын уат+.
20 Хуыцау нӕ мидӕг цы тыхӕй архайы+, уый фӕрцы йӕ бон у, цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын+. 21 Гъемӕ уымӕн ӕмбырды уылты ӕмӕ Йесо Чырыстийы уылты кад уӕд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнустӕм!+ Аммен.