Исай
32 Паддзах+ архайдзӕн рӕстдзинадмӕ+ гӕсгӕ, кънйӕзтӕ+ архайдзысты раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ. 2 Уыдонӕй алчидӕр уыдзӕн, дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн+, ӕнӕдон бӕстӕйы цӕугӕдӕттӕ куыд уой+, хурсыгъд бӕстӕйы – стыр къӕдзӕхы аууон, уый хуызӕн+.
3 Цӕстӕй чи уыны, уыдонӕн сӕ цӕстытӕ ӕхгӕд нӕ уыдзысты, хъусӕй чи хъусы, уыдон лӕмбынӕг хъусдзысты+. 4 Сонт чи у, уыдон сӕ зӕрдӕйы мидӕг хъуыды кӕндзысты, цы базоной+, ууыл, къӕзӕнӕг чи у, уыдон дзурдзысты рӕвдз ӕмӕ сыгъдӕг+. 5 Ӕнӕзонд адӕймаджы рӕдау нал схондзысты, ӕдзӕсгом адӕймагӕй нал зӕгъдзысты, уӕздан у+, зӕгъгӕ, 6 уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд кӕндзӕн ӕнӕзонд ныхӕстӕ+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фыдвӕндтӕ+, цӕмӕй Хуыцауы ныууадза+ ӕмӕ Йегъовӕйыл цъыф кала, цӕмӕй ӕххормаг адӕймаджы гуыбын уа афтид+ ӕмӕ дойны адӕймаг дойныйӕ мӕла. 7 Ӕдзӕсгом адӕймаг цӕмӕй архайы, уыдон сты фыдбылыз+. Уый разӕнгард кӕны хӕлд митӕ аразынмӕ+, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕймаджы мӕнг ныхӕстӕй бабын кӕна+, кӕд мӕгуыр адӕймаг, раст цы у, уый дзуры, уӕддӕр.
8 Рӕдау адӕймаг та разӕнгард кӕны рӕдаудзинадмӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр рӕдау адӕймагӕй баззайдзӕн+.
9 «Йӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ чи цӕры, уыцы сылгоймӕгтӕ, рацӕут, байхъусут мӕм!+ Ӕнӕмӕт чызджытӕ, мӕ ныхӕстӕм мын уӕ хъус ӕрдарут! 10 Афӕдз ӕмӕ цалдӕр боны фӕстӕ сымах, ӕнӕмӕт адӕм, скатай уыдзыстут+, уымӕн ӕмӕ сӕнӕфсир тоныны афон фӕуыдзӕн, тыллӕг та уӕм нӕ уыдзӕн+. 11 Базыр-зыр кӕнут, йӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ чи цӕры, уыцы сылгоймӕгтӕ! Катайы бацӕут, ӕнӕмӕт чызджытӕ! Уӕ дзаумӕттӕ раласут, афтид мидӕггӕгты* куыд баззайат, ӕмӕ уӕ астӕутыл ӕрбакӕнут хъисынтӕ+. 12 Уӕхи хойут ӕмӕ хъарӕг кӕнут+ уӕ хъӕздыг зӕххытыл+ ӕмӕ уӕ дыргъджын сӕнӕфсирбӕлӕстыл. 13 Мӕ адӕмы зӕххыл сындзытӕ ӕмӕ сындзкъутӕртӕ йеддӕмӕ ницы зайы+. Сӕ быны фесты, кӕддӕр циндзинад кӕм уыди, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр, йӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба кӕмӕн не ’нцад, уыцы горӕт+. 14 Цӕрӕн мӕсыг дзӕгъӕл баззад+, горӕты хъӕлӕба нал хъуысы. Офел+ ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыджы бынаты ницыуал баззад,– уыдон ӕнустӕм дӕр уыдзысты ирхӕфсӕн бынат зебрӕтӕн, хизӕн бынат фосы дзугтӕн. 15 Афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ ныл уӕларвӕй тых* не ’рцӕуа+ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр дыргъдон нӕ феста, дыргъдон та хъӕдыл нымад не ’рцӕуа, уӕдмӕ+.
16 Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрдзӕн раст тӕрхон, дыргъдон уыдзӕн рӕстдзинады цӕрӕнбынат+. 17 Ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинадӕн йӕ фыдӕбон уыдзӕн фарн+, ӕцӕг рӕстдзинад ӕрхӕсдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард ӕнустӕм дӕр+. 18 Мӕ адӕмӕн сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдзысты фӕрнӕйдзаг, сӕ хӕдзӕрттӕ уыдзысты ӕдас, кӕм цӕрдзысты, уым сӕ ничи хъыгдардзӕн+. 19 Хъӕды бӕлӕстӕ куы ныккӕлой, уӕд их дӕр рацӕудзӕн+, ӕмӕ горӕт ӕгады бынатмӕ ӕрхаудзӕн+.
20 Амондджын стут сымах, йӕ мыггаг ӕппӕт дӕтты цур чи тауы+, галы ӕмӕ хӕрӕджы чи рауадзы, уыдон»+.