Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 40
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Рацыд 40:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 7:1
  • +Рц 12:2; 34:18; Есф 3:7

Рацыд 40:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 25:21
  • +Нм 4:5; Дзт 9:3; 10:20

Рацыд 40:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 26:35
  • +Рц 25:31; Дзт 9:2
  • +Рц 25:37

Рацыд 40:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:1; Пс 141:2; Лк 1:10; Рар 5:8
  • +Рц 26:36; 39:38

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 10/2020, 10 ф.

Рацыд 40:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:1; 1Кр 10:18; Дзт 13:10

Рацыд 40:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:18

Рацыд 40:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 27:9
  • +Рц 27:16; 38:18

Рацыд 40:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:25; Дзт 1:9
  • +Лв 8:10; Нм 7:1

Рацыд 40:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 29:36; Лв 8:11
  • +Рц 29:37

Рацыд 40:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 8:6; Еф 5:26; Дзт 7:28

Рацыд 40:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 29:5; Лв 8:7
  • +Лв 8:12; Пс 133:2; Хъд 10:38

Рацыд 40:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 8:13

Рацыд 40:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 8:30; 2Кр 1:21
  • +Нм 25:13; Дзт 7:11, 23

Рацыд 40:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 39:43; Д.з 4:2

Рацыд 40:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 7:1; 9:15

Рацыд 40:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 36:24
  • +Рц 26:15
  • +Рц 36:31
  • +Рц 35:11

Рацыд 40:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 26:7; 36:14
  • +Рц 26:14

Рацыд 40:20

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «Ӕвдисӕнад».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:34; 31:18
  • +Рц 25:22; 37:1
  • +Рц 37:4; 1Пд 8:8
  • +Лв 16:2
  • +Рц 37:6; 1Аз 28:11

Рацыд 40:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 36:35; Дзт 10:20
  • +Дзт 9:3; 10:19

Рацыд 40:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:10; Дзт 9:2

Рацыд 40:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 25:30; Мф 12:4

Рацыд 40:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:17

Рацыд 40:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 25:37; 37:23; Пс 119:105

Рацыд 40:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:1; 37:25

Рацыд 40:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:7, 35

Рацыд 40:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 26:36; 36:37

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/2/2000, 11 ф.

Рацыд 40:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 29:38
  • +Рц 38:1; Дзт 13:10

Рацыд 40:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:18; Дзт 10:22

Рацыд 40:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:19

Рацыд 40:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 27:9; 38:9
  • +Рц 38:18

Рацыд 40:34

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 16:2; Нм 9:15; 16:42; 1Пд 8:10; Рар 15:8

Рацыд 40:35

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 78:14
  • +Рц 29:43; 2Аз 5:14

Рацыд 40:36

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 10:11; Не 9:19

Рацыд 40:37

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 9:17, 22

Рацыд 40:38

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 13:21; Нм 9:16; Пс 78:14

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Рац. 40:2Нм 7:1
Рац. 40:2Рц 12:2; 34:18; Есф 3:7
Рац. 40:3Рц 25:21
Рац. 40:3Нм 4:5; Дзт 9:3; 10:20
Рац. 40:4Рц 26:35
Рац. 40:4Рц 25:31; Дзт 9:2
Рац. 40:4Рц 25:37
Рац. 40:5Рц 30:1; Пс 141:2; Лк 1:10; Рар 5:8
Рац. 40:5Рц 26:36; 39:38
Рац. 40:6Рц 38:1; 1Кр 10:18; Дзт 13:10
Рац. 40:7Рц 30:18
Рац. 40:8Рц 27:9
Рац. 40:8Рц 27:16; 38:18
Рац. 40:9Рц 30:25; Дзт 1:9
Рац. 40:9Лв 8:10; Нм 7:1
Рац. 40:10Рц 29:36; Лв 8:11
Рац. 40:10Рц 29:37
Рац. 40:12Лв 8:6; Еф 5:26; Дзт 7:28
Рац. 40:13Рц 29:5; Лв 8:7
Рац. 40:13Лв 8:12; Пс 133:2; Хъд 10:38
Рац. 40:14Лв 8:13
Рац. 40:15Лв 8:30; 2Кр 1:21
Рац. 40:15Нм 25:13; Дзт 7:11, 23
Рац. 40:16Рц 39:43; Д.з 4:2
Рац. 40:17Нм 7:1; 9:15
Рац. 40:18Рц 36:24
Рац. 40:18Рц 26:15
Рац. 40:18Рц 36:31
Рац. 40:18Рц 35:11
Рац. 40:19Рц 26:7; 36:14
Рац. 40:19Рц 26:14
Рац. 40:20Рц 16:34; 31:18
Рац. 40:20Рц 25:22; 37:1
Рац. 40:20Рц 37:4; 1Пд 8:8
Рац. 40:20Лв 16:2
Рац. 40:20Рц 37:6; 1Аз 28:11
Рац. 40:21Рц 36:35; Дзт 10:20
Рац. 40:21Дзт 9:3; 10:19
Рац. 40:22Рц 37:10; Дзт 9:2
Рац. 40:23Рц 25:30; Мф 12:4
Рац. 40:24Рц 37:17
Рац. 40:25Рц 25:37; 37:23; Пс 119:105
Рац. 40:26Рц 30:1; 37:25
Рац. 40:27Рц 30:7, 35
Рац. 40:28Рц 26:36; 36:37
Рац. 40:29Рц 29:38
Рац. 40:29Рц 38:1; Дзт 13:10
Рац. 40:30Рц 30:18; Дзт 10:22
Рац. 40:32Рц 30:19
Рац. 40:33Рц 27:9; 38:9
Рац. 40:33Рц 38:18
Рац. 40:34Лв 16:2; Нм 9:15; 16:42; 1Пд 8:10; Рар 15:8
Рац. 40:35Пс 78:14
Рац. 40:35Рц 29:43; 2Аз 5:14
Рац. 40:36Нм 10:11; Не 9:19
Рац. 40:37Нм 9:17, 22
Рац. 40:38Рц 13:21; Нм 9:16; Пс 78:14
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Рацыд 40:1–38

Рацыд

40 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Ӕмбырды цатыр+ ӕрӕвӕр фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон+. 3 Йӕ мидӕг ын сӕвӕр бадзырды чырын+ ӕмӕ чырынмӕ бацӕуӕн сӕхгӕн ӕмбӕрзӕнӕй+. 4 Стӕй цатырмӕ бахӕсс стъол+ ӕмӕ йын йӕ уӕлӕ ӕрӕвӕр, цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ бахӕсс цырагъдарӕн+ дӕр ӕмӕ йын йӕ цырӕгътӕ ссудз+. 5 Буд кӕуыл судздзысты, уыцы сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ сӕвӕр бадзырды чырыны акомкоммӕ, ӕмӕ цатыры бахизӕны дӕр бакӕн ӕмбӕрзӕн+.

6 Судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн+ сӕвӕр ӕмбырды цатыры бахизӕны раз. 7 Стыр аг та сӕвӕр ӕмбырды цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн+. 8 Цатыры алыварс кӕрт сӕхгӕн+ ӕмӕ кӕрты бахизӕны бакӕн ӕмбӕрзӕн+. 9 Стӕй райс сӕрмагонд сой+ ӕмӕ дзы байсӕрд цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдон ссыгъдӕг кӕн, цӕмӕй суа табуйаг. 10 Сойӕ байсӕрд, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн дӕр ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ ис, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕн+, цӕмӕй суа уӕлдай табуйаг+. 11 Байсӕрд дзы стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн дӕр ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕн.

12 Уый фӕстӕ Аароны ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн ӕмбырды цатыры размӕ ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи ныхсой+. 13 Стӕй Аароныл скӕн сӕрмагонд дарӕс+ ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд+ ӕмӕ йӕ снывонд кӕн, ӕмӕ мын сауджынӕй лӕггад кӕндзӕн. 14 Уый фӕстӕ йын ӕрбакӕн йӕ фыртты ӕмӕ сыл скӕн даргъ хӕдӕттӕ+. 15 Ӕмӕ уыдоны дӕр байсӕрд сойӕ, сӕ фыды сын куыд байсӕрдай, афтӕ+, ӕмӕ мын сауджынтӕй лӕггад кӕндзысты. Сӕрст куы ’рцӕуой, уӕд уый ӕвдисдзӕн, ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уыдон кӕй сты сауджынтӕ»+.

16 Ӕмӕ Моисей алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Раст афтӕ бакодта.

17 Гъемӕ дыккӕгӕм азы фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, цатыр ӕвӕрд ӕрцыд+. 18 Моисей цатыр куы ӕвӕрдта, уӕд бынӕй ӕрӕвӕрдта бынӕвӕрӕнтӕ+, сӕвӕрдта сыл фӕлгӕттӕ+, бавӕрдта йын йӕ хъилтӕ+ дӕр ӕмӕ йын йӕ цӕджындзтӕ+ дӕр сӕвӕрдта. 19 Стӕй цатырыл йе ’мбӕрзӕн+ айтыгъта, уый ӕддейӕ та йыл айтыгъта иннӕ ӕмбӕрзӕн+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

20 Уый фӕстӕ райста бадзырды къӕйдуртӕ*+ ӕмӕ сӕ чырыны+ нывӕрдта, стӕй йын йӕ хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдта ӕмӕ чырынӕн+ йӕ сӕр+ йӕ уӕлӕ ӕрӕвӕрдта. 21 Ӕмӕ йӕ бахаста цатырмӕ, ӕмбӕрзӕн ӕрцауыгъта+ ӕмӕ бадзырды чырынмӕ бацӕуӕн сӕхгӕдта+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

22 Уый фӕстӕ стъол+ бахаста ӕмбырды цатырмӕ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта цӕгат фарс, ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй. 23 Ӕмӕ йыл Йегъовӕйы раз иу иннӕйы сӕрыл ӕрӕвӕрдта дзултӕ+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

24 Ӕмбырды цатыры стъолы акомкоммӕ та, цатыры хуссар фарс, сӕвӕрдта цырагъдарӕн+. 25 Ӕмӕ Йегъовӕйы раз цырӕгътӕ ссыгъта+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

26 Уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры мидӕг ӕмбӕрзӕны раз сӕвӕрдта сызгъӕрин нывондхӕссӕн+, 27 цӕмӕй йыл судзой хӕрздӕф буд+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

28 Фӕстагмӕ бакодта цатыры бахизӕны ӕмбӕрзӕн+.

29 Ӕмбырды цатыры бахизӕны раз та сӕвӕрдта, судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ хоры кувинӕгтӕ кӕуыл хъуамӕ хастаиккой, уыцы нывондхӕссӕн+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

30 Стӕй ӕмбырды цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн сӕвӕрдта стыр аг хи ӕхсынӕн ӕмӕ дзы дон ныккодта+. 31 Ӕмӕ-иу Моисей, стӕй Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ уыцы донӕй ӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ. 32 Сӕхи-иу ныхсадтой+, ӕмбырды цатырмӕ куы цыдысты, уӕд дӕр ӕмӕ-иу нывондхӕссӕны цурмӕ куы цыдысты, уӕд дӕр, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

33 Уый фӕстӕ цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс кӕрт+ сӕхгӕдта ӕмӕ кӕрты бахизӕны ӕмбӕрзӕн бакодта+.

Уыйадыл Моисей куыстытӕ иууылдӕр фӕци. 34 Ӕмӕ уӕд мигъ+ ӕрӕмбӕрзта ӕмбырды цатыр, ӕмӕ цатыр байдзаг Йегъовӕйы кадӕй. 35 Ӕмӕ Моисейӕн йӕ бон нӕ уыд ӕмбырды цатырмӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ мигъ+ лӕууыд цатыры сӕрмӕ ӕмӕ цатыр Йегъовӕйы кадӕй нӕ зынд+.

36 Мигъ-иу цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд-иу Израилы фырттӕ сӕ цатыртӕ систой ӕмӕ-иу дарддӕр араст сты. Афтӕ кодтой ӕнӕхъӕн фӕндаг, иу бынатӕй иннӕмӕ куы цыдысты, уӕд+. 37 Фӕлӕ-иу мигъ хӕрдмӕ куы не ссыд, уӕд та-иу сӕ цатыртӕ нӕ систой – цалынмӕ-иу мигъ хӕрдмӕ не ссыд, уӕдмӕ+. 38 Цатыры сӕрмӕ-иу бонӕй лӕууыд Йегъовӕйы мигъ, ӕхсӕвы та-иу йӕ сӕрмӕ сыгъди арт, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм иууылдӕр уыдтой ӕнӕхъӕн фӕндагыл, иу бынатӕй иннӕмӕ куы цыдысты, уӕд+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын