Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 31
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Нымӕцтӕ 31:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 25:2, 17
  • +Д.з 32:41; Пс 94:1; Ис 1:24; На 1:2
  • +Нм 27:13; Д.з 32:50

Нымӕцтӕ 31:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 22:7; 25:18; 1Кр 10:8; Рар 2:14

Нымӕцтӕ 31:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 26:51
  • +Лв 26:8

Нымӕцтӕ 31:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 25:7, 11
  • +Нм 10:2, 9

Нымӕцтӕ 31:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 20:13

Нымӕцтӕ 31:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 13:21
  • +Нм 22:12; 24:25; ЙсН 13:22; 2Пт 2:15; Иуд 11; Рар 2:14

Нымӕцтӕ 31:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 20:14

Нымӕцтӕ 31:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:24

Нымӕцтӕ 31:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 2:35; ЙсН 8:2

Нымӕцтӕ 31:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 22:1

Нымӕцтӕ 31:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 31:5

Нымӕцтӕ 31:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 48:10

Нымӕцтӕ 31:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 25:18; Д.з 4:3; ЙсН 22:17
  • +Нм 25:2; 2Пт 2:15; Рар 2:14
  • +Нм 25:9; 1Кр 10:8

Нымӕцтӕ 31:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 21:11

Нымӕцтӕ 31:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 31:35

Нымӕцтӕ 31:19

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 5:2; 19:11
  • +Нм 19:16
  • +Нм 19:20

Нымӕцтӕ 31:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 31:23

Нымӕцтӕ 31:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 17:3; 25:4
  • +Нм 19:9
  • +Нм 31:20

Нымӕцтӕ 31:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 19:19, 20

Нымӕцтӕ 31:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 22:8; 1См 30:24; Пс 68:12

Нымӕцтӕ 31:28

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «райс фондзсӕдӕйӕ иу уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 14:20; 1Аз 26:27

Нымӕцтӕ 31:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 18:20, 29

Нымӕцтӕ 31:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 12:12, 19; ЙсН 13:14
  • +Нм 3:7; 18:3; 1Аз 23:32

Нымӕцтӕ 31:35

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «цы удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 31:18
  • +Рд 2:7; 1Кр 15:45

Нымӕцтӕ 31:37

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 14:20; 1Аз 26:27

Нымӕцтӕ 31:41

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 18:8, 19; 1Кр 9:14; Га 6:6; Дзт 7:5
  • +Нм 5:9

Нымӕцтӕ 31:47

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 12:12, 19
  • +Нм 3:7; 18:3; 31:30; 1Аз 23:32

Нымӕцтӕ 31:48

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 31:4
  • +Нм 1:4, 16; 31:14; Д.з 1:15

Нымӕцтӕ 31:49

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:27; Лв 26:7

Нымӕцтӕ 31:50

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 96:8
  • +Рд 41:42
  • +Рц 35:22

Нымӕцтӕ 31:51

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 18:8, 19

Нымӕцтӕ 31:53

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 20:14

Нымӕцтӕ 31:54

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:16

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Ным. 31:2Нм 25:2, 17
Ным. 31:2Д.з 32:41; Пс 94:1; Ис 1:24; На 1:2
Ным. 31:2Нм 27:13; Д.з 32:50
Ным. 31:3Нм 22:7; 25:18; 1Кр 10:8; Рар 2:14
Ным. 31:5Нм 26:51
Ным. 31:5Лв 26:8
Ным. 31:6Нм 25:7, 11
Ным. 31:6Нм 10:2, 9
Ным. 31:7Д.з 20:13
Ным. 31:8ЙсН 13:21
Ным. 31:8Нм 22:12; 24:25; ЙсН 13:22; 2Пт 2:15; Иуд 11; Рар 2:14
Ным. 31:9Д.з 20:14
Ным. 31:10ЙсН 6:24
Ным. 31:11Д.з 2:35; ЙсН 8:2
Ным. 31:12Нм 22:1
Ным. 31:14Нм 31:5
Ным. 31:15Йер 48:10
Ным. 31:16Нм 25:18; Д.з 4:3; ЙсН 22:17
Ным. 31:16Нм 25:2; 2Пт 2:15; Рар 2:14
Ным. 31:16Нм 25:9; 1Кр 10:8
Ным. 31:17Трх 21:11
Ным. 31:18Нм 31:35
Ным. 31:19Нм 5:2; 19:11
Ным. 31:19Нм 19:16
Ным. 31:19Нм 19:20
Ным. 31:20Нм 31:23
Ным. 31:23Ӕм 17:3; 25:4
Ным. 31:23Нм 19:9
Ным. 31:23Нм 31:20
Ным. 31:24Нм 19:19, 20
Ным. 31:27ЙсН 22:8; 1См 30:24; Пс 68:12
Ным. 31:28Рд 14:20; 1Аз 26:27
Ным. 31:29Нм 18:20, 29
Ным. 31:30Д.з 12:12, 19; ЙсН 13:14
Ным. 31:30Нм 3:7; 18:3; 1Аз 23:32
Ным. 31:35Нм 31:18
Ным. 31:35Рд 2:7; 1Кр 15:45
Ным. 31:37Рд 14:20; 1Аз 26:27
Ным. 31:41Нм 18:8, 19; 1Кр 9:14; Га 6:6; Дзт 7:5
Ным. 31:41Нм 5:9
Ным. 31:47Д.з 12:12, 19
Ным. 31:47Нм 3:7; 18:3; 31:30; 1Аз 23:32
Ным. 31:48Нм 31:4
Ным. 31:48Нм 1:4, 16; 31:14; Д.з 1:15
Ным. 31:49Рц 23:27; Лв 26:7
Ным. 31:50Пс 96:8
Ным. 31:50Рд 41:42
Ным. 31:50Рц 35:22
Ным. 31:51Нм 18:8, 19
Ным. 31:53Д.з 20:14
Ным. 31:54Рц 30:16
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
  • 39
  • 40
  • 41
  • 42
  • 43
  • 44
  • 45
  • 46
  • 47
  • 48
  • 49
  • 50
  • 51
  • 52
  • 53
  • 54
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Нымӕцтӕ 31:1–54

Нымӕцтӕ

31 Стӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Мадиамӕгтӕй+ Израилы фыртты маст райс+. Уый фӕстӕ дӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕ»+.

3 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Уе ’хсӕнӕй равзарут, хӕстмӕ чи ацӕудзӕн, ахӕм адӕмы ӕмӕ сӕ срӕвдз кӕнут, цӕмӕй мадиамӕгтимӕ схӕцой ӕмӕ Йегъовӕ уыдоны къухӕй мадиамӕгтӕй йӕ маст райса+. 4 Израилы мыггӕгтӕй алкӕцыйӕ дӕр арвитут фӕйнӕ мин адӕймаджы». 5 Ӕмӕ Израилы мин-минтӕй+ равзӕрстой ӕмӕ хӕстмӕ срӕвдз кодтой дыууадӕс мин адӕймаджы, алы мыггагӕй дӕр иу мин+.

6 Ӕмӕ сӕ Моисей арвыста хӕстмӕ, алы мыггагӕй дӕр иу мин адӕймаджы. Семӕ ма арвыста сауджын Елеазары фырт Финеесы+ дӕр. Финеесмӕ уыд табуйаг дзауматӕ, стӕй уадындзтӕ+ тохмӕ сидынӕн. 7 Ӕмӕ израилӕгтӕ мадиамӕгтимӕ схӕцыдысты, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътой+. 8 Кӕй ныццагътой, уыдоны ’хсӕн уыдысты Мадиамы паддзӕхтӕ дӕр: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревӕ – фондз мадиамаг паддзахы+. Хъамайӕ амардтой Валаамы+ дӕр, Веоры фырты. 9 Мадиамаг сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты та Израилы фырттӕ уацары ракодтой+, сӕ фос сын иууылдӕр ратардтой ӕмӕ сын сӕ мулк рахастой, ницыуал дзы ныууагътой. 10 Кӕм цардысты, уыцы горӕттӕ ӕмӕ, сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн уыд, уыцы цӕрӕнбынӕттӕ та сын иууылдӕр арты хай бакодтой+. 11 Сӕ мулк сын рахастой, кӕй ӕрцахстой+, уыцы адӕмы ракодтой ӕмӕ фос дӕр ратардтой. 12 Ӕмӕ ӕрбацыдысты Моисеймӕ, сауджын Елеазармӕ ӕмӕ ӕгас Израилы адӕммӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм, Моавы быдыртӕм+,– уыдон сты Иорданы раз, Иерихонмӕ хӕстӕг,– ӕрбакодтой уацайрӕгты, фос ӕмӕ ӕрбахастой, цы мулк сӕ байстой, уый.

13 Уӕд Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр сӕ размӕ цатырты ӕддӕмӕ рацыдысты. 14 Ӕмӕ Моисейӕн йӕ маст рафыхт, хӕстӕй чи здӕхт, уыцы ӕфсады хистӕртӕм+: минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдонмӕ. 15 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр удӕгасӕй ныууагътат?+ 16 Валаамы ныхасмӕ гӕсгӕ уыдон куы бакодтой афтӕ, цӕмӕй Израилы фырттӕ Фегоры+ раз Йегъовӕйыл гадзрахатӕй рацыдаиккой+, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы адӕм куы фӕцагъды сты+. 17 Амарут сын сӕ лӕппуты ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ’рцыд, уыцы сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр+. 18 Нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, уыцы гыццыл чызджыты та удӕгасӕй ныууадзут+. 19 Уӕхӕдӕг та хъуамӕ авд боны цӕрат цатырты ӕдде. Адӕймаг* уӕ чидӕриддӕр амардта+ кӕнӕ, чи фӕмард, ахӕм адӕймагмӕ уӕ чидӕриддӕр бавнӕлдта+, уыдон хъуамӕ сӕхи ӕртыккаг бон ӕмӕ ӕвдӕм бон ссыгъдӕг кӕной+, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ уацайрӕгтӕ дӕр. 20 Ссыгъдӕг кӕнут уӕ уӕлӕдарӕс иууылдӕр, стӕй алы дзаума дӕр – сӕракӕй конд уа, сӕгъы хъуынӕй ӕви хъӕдӕй»+.

21 Сауджын Елеазар, хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕн загъта: «Йегъовӕ Моисейӕн радта ахӕм закъон: 22 „Сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, къала ӕмӕ зды – 23 арты ссыгъдӕггӕнӕн цы ис+, уыдӕттӕ – арты ссыгъдӕг кӕнут, ӕмӕ уыдзысты сыгъдӕг. Стӕй ма сӕ ссыгъдӕг кӕнын хъӕудзӕн сыгъдӕггӕнӕн донӕй дӕр+. Арты ссыгъдӕггӕнӕн цы нӕй, уыдӕттӕ та ссыгъдӕг кӕнут донӕй+. 24 Ӕвдӕм бон ныхсут уӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ уыдзыстут сыгъдӕг, ӕмӕ уый фӕстӕ уӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын“»+.

25 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 26 «Сауджын Елеазар ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртимӕ банымайут, цы уацайрӕгты ӕмӕ цы фос ӕрбакодтой, уыдоны, 27 ӕмӕ сӕ дыууӕ дихы акӕн: иу хай, хӕцгӕ чи кодта, уыдонӕн, иннӕ хай та – иннӕ адӕмӕн+. 28 Хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕй Йегъовӕйӕн райс* хъалон+: алы фондзсӕдӕ адӕймагӕй – иу адӕймаджы, алы фондзсӕдӕ стурӕй – иу стур, алы фондзсӕдӕ хӕрӕгӕй – иу хӕрӕг, алы фондзсӕдӕ фысӕй – иу фыс. 29 Уыцы хъалон сын райсут сӕ хайӕ ӕмӕ йӕ раттут сауджын Елеазарӕн, Йегъовӕйӕн мысайнагӕн+. 30 Израилы фырттӕм цы хай хауы, уымӕй дӕр райс: алы фӕндзай адӕймагӕй – иу адӕймаджы, алы фӕндзай стурӕй – иу стур, алы фӕндзай хӕрӕгӕй – иу хӕрӕг, алы фӕндзай фысӕй – иу фыс, ӕппӕт фосӕй дӕр, ӕмӕ сӕ ратт левиттӕн+, Йегъовӕйы цатыры йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн»+.

31 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар бакодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 32 Хӕсты чи уыд, уыдон цы фос ратардтой, уыдонӕй ма баззад: лыстӕг фосӕй – ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз мины, 33 стуртӕй – ӕвдай дыууӕ мины, 34 хӕрджытӕй – ӕхсай иу мин. 35 Нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи* никуы ’рцыд, уыцы сылгоймӕгтӕ+ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын дыууӕ мин уды+. 36 Хӕсты чи уыд, уыдоны хай лыстӕг фосӕй уыд ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ сӕры. 37 Лыстӕг фосӕй Йегъовӕйӕн хъалонӕн+ радтой ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз сӕры. 38 Стуртӕ уыдысты ӕртын ӕхсӕз мины, ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн хъалонӕн радтой ӕвдай дыууӕ стуры. 39 Хӕрджытӕ уыдысты ӕртын мин фондзсӕдӕ, ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн хъалонӕн радтой ӕхсай иу хӕрӕг. 40 Адӕм уыдысты ӕхсӕрдӕс мин уды, ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн хъалонӕн радтой ӕртын дыууӕ уды. 41 Стӕй Моисей уыцы хъалон радта сауджын Елеазарӕн+, Йегъовӕйӕн мысайнагӕн, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

42 Хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕн Моисей сӕ хай куы рахицӕн кодта, уӕд Израилы фырттӕн цы хай радта, уый уыд: 43 адӕмы хай лыстӕг фосӕй – ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ сӕры, 44 стуртӕй – ӕртын ӕхсӕз мины, 45 хӕрджытӕй – ӕртын мин фондзсӕдӕ, 46 адӕмӕй – ӕхсӕрдӕс мин уды. 47 Ӕмӕ, Израилы фырттӕм адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр цы хай ӕрхауд, уымӕй Моисей райста фӕндзайӕ иу уд, ӕмӕ сӕ радта левиттӕн+, Йегъовӕйы цатыры йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны+, уыдонӕн, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

48 Уый фӕстӕ, ӕфсады къордты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыцы хицӕуттӕ+ – минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон+ – ӕрбацыдысты Моисеймӕ 49 ӕмӕ йын загътой: «Мах, дӕ лӕггадгӕнджытӕ, банымадтам, нӕ дӕлбар чи ис, уыцы хӕстонты, ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй нӕ адӕмӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыд+. 50 Гъемӕ нӕ алкӕй дӕр фӕнды, нӕ къухы цы бафтыд, уый Йегъовӕйӕн лӕварӕн раттын+: сызгъӕринӕй конд дзауматӕ, къахылдаргӕ лыстӕг рӕхыстӕ, цонгдарӕнтӕ, мыхуыримӕ къухдарӕнтӕ+, хъусцӕджытӕ ӕмӕ сылгоймаджы аивгӕнӕнтӕ+,– цӕмӕй нӕхи Йегъовӕйы раз нӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕм».

51 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар райстой уыцы сызгъӕринтӕ+ – цы зынаргъ дзауматӕ ӕрбахастой, уыдон иууылдӕр. 52 Минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон Йегъовӕйӕн лӕварӕн цы сызгъӕрин ӕрбахастой, уый уыди ӕхсӕрдӕс мин авдсӕдӕ фӕндзай сиклы. 53 Ӕфсӕддонтӕй алчидӕр, сӕ къухы цы бафтыд, уымӕй йӕхицӕн хай райста+. 54 Гъемӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар райстой, минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон цы сызгъӕрин ӕрбахастой, уый. Ӕмӕ йӕ ӕмбырды цатырмӕ бахастой, цӕмӕй уый фӕрцы Израилы фырттӕ Йегъовӕйы зӕрдыл лӕууыдаиккой+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын