Иов
30 Ныр та мыл худынц+,
Мӕхицӕй кӕстӕр чи у, уыдон+.
Ӕз сын сӕ фыдӕлты, мӕ фос мын чи хъахъхъӕны,
Уыцы куыйтӕм хӕстӕг дӕр нӕ бауагътаин.
2 Сӕ къухты хъаруйӕ мын цы пайда уыди?
Тых дӕр сӕм нал ис+.
3 Фырмӕгуырӕй ӕмӕ фырӕххормагӕй сты ӕрдӕгмард,
Ӕхсынынц ӕнӕдон зӕхх+ –
Знон тыхдымгӕ кӕм рацыд ӕмӕ кӕм ницыуал баззад, уыцы зӕхх.
4 Уыдон къутӕрты ’хсӕн ӕмбырд кодтой цӕхджын кӕрдӕг,
Хордтой къутӕрбӕласы уидӕгтӕ.
5 Адӕм сӕ се ’хсӕнӕй фӕтӕрынц+,
Цыма давджытӕ сты, уыйау сыл фӕхъӕр кӕнынц.
6 Уыдон цӕрынц дӕлвӕзты фӕрстыл,
Хуыккӕмтты ӕмӕ къӕдзӕхты ’хсӕн.
7 Къутӕрты ’хсӕнӕй фӕцӕуы сӕ ниуын,
Пысыраты бын сӕхи кӕрӕдзимӕ нылхъивынц.
8 Уыдон сты ӕнӕзонды фырттӕ+, ӕнӕном лӕджы фырттӕ,
Сӕ бӕстӕйӕ сӕ ехсӕй фӕсырдтой.
11 Хуыцау мын ме ’рдыны бос суӕгъд кодта ӕмӕ мӕ сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кӕнын райдыдта,
Ӕмӕ уыдон мӕ разы сӕ рохтӕ суагътой.
12 Уыдон, фыдгӕнджыты байзӕддаг, мӕ рахиз фарс слӕууыдысты,
Мӕ къӕхтӕ мын суӕгъд кодтой,
Фӕлӕ мын мӕ фӕндаг ӕхгӕдтой, цӕмӕй бабын уыдаин+.
14 Цыма стыр хуынкъыл ӕрбахызтысты, уыйау мӕ разы ӕрбалӕууыдысты,
Тыхдымгӕимӕ ӕрбабырстой.
15 Ӕнӕнхъӕлӕджы мыл бӕллӕхтӕ ныккалдысты.
Мӕ кад мын цыма дымгӕ ахаста, уыйау фӕцыдӕр,
Мӕ ирвӕзындзинад мигъау ӕрбайсӕфт.
17 Ӕхсӕв мын цыма исчи ме стджытӕ+ хуынкъ кӕны ӕмӕ къӕртгай хауынц, афтӕ вӕййын,
Мӕ рыстытӕ мӕ удхарӕй марынц, ӕппындӕр не ’нцайынц+.
18 Мӕ низ афтӕ тыхджын у, ӕмӕ мӕ дарӕс* фендӕрхуызон,
Мӕ даргъ дарӕсы ӕфцӕгготау мӕ ӕрбалхъывта.
19 Ӕлыгмӕ мӕ ӕрӕппӕрста,
Цӕмӕй рыг ӕмӕ фӕнычы хуызӕн суон.
20 Ӕз дӕм ӕххуысмӕ сидын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс+,
Лӕууын, цӕмӕй мӕм де ’ргом раздахай.
21 Дӕ зӕрдӕйы ахаст мӕм аивтай ӕмӕ мын тӕригъӕд нал зоныс+,
Маст мӕм хӕссыс ӕмӕ мемӕ тох кӕныс дӕ къухы ӕппӕт тыхӕй.
22 Дымгӕйӕн мӕ сисын кӕныс, ӕмӕ мӕ фӕцӕйскъӕфы,
Стӕй мӕ тыхджын дымгӕйы ӕрбайсафыс.
23 Ӕз ӕй зонын, фӕстӕмӕ мӕ мӕлӕты хай кӕй бакӕндзынӕ+,
Удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕм фембӕлдзысты, уыцы хӕдзармӕ мӕ аздахдзынӕ.
24 Фӕлӕ хӕлддзӕгты цӕндмӕ йӕ къух ничи исы+.
Адӕймаг сӕфты къахыл ныллӕууыд, ӕмӕ йын йӕ зын сахат ӕххуысмӕ дӕр ничи сиды.
26 Ӕнхъӕлмӕ кастӕн хорздзинадмӕ, фӕлӕ мӕнӕ – ӕвзӕрдзинад+.
Ӕнхъӕлмӕ кастӕн рухсмӕ, фӕлӕ мӕнӕ – саудалынг.
27 Мӕ хуылф ссыгъд ӕмӕ ӕнцад нал лӕууыд.
Фыдбонтӕ мыл скодта.
28 Ӕнкъардӕй+ рацу-бацу кодтон, хуры рухс мӕм нӕ калд.
Ӕмбырды астӕу сыстадтӕн, ӕххуысмӕ сидтӕн.
29 Ӕз сдӕн хъӕддаг куыйтӕн се ’фсымӕр
Ӕмӕ страусы чызджытӕн се ’мбал+.
30 Мӕ царм ныссау+ ӕмӕ лӕбыры,
Ме стджытӕ ныххус сты ӕмӕ судзынц.
31 Ӕмӕ ныр мӕ дыууадӕстӕнон фӕндыр цӕгъды, хъыг чи кӕны, ӕрмӕст уыдонӕн,
Мӕ уадындз цӕгъды хъарӕггӕнджытӕн.