Амонӕгӕн. Маскил. Давиды псалом. Едомаг Доик Саулмӕ куы ’рбацыд ӕмӕ йын куы загъта, Давид Ахимелехы+ хӕдзармӕ бацыд, зӕгъгӕ, уӕд.
52 Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй цы ’ппӕлыс, тыхджын лӕг?+
Хуыцау йе ’нувыд уарзтӕй тавы алы бон дӕр+.
2 Де ’взаг у сӕрдасӕнау цыргъ, кӕны фыдвӕндтӕ+,
Хинӕй архайы+.
3 Ды ӕвзӕрдзинад уарзыс хорздзинадӕй фылдӕр+,
Раст ныхӕстӕй фылдӕр – мӕнгдзинад+. (Села́)
4 Гӕды ’взаг+,
Ды уарзыс фыдбылыз ныхӕстӕ+.
5 Хуыцау дӕ ӕнустӕм фесафдзӕн+.
Асхойдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ дӕ цатырӕй ӕддӕмӕ раласдзӕн+,
Удӕгӕсты зӕххӕй дӕ ӕдуидаг стондзӕн+. (Села́)
6 Рӕстгӕнджытӕ уый фендзысты, ӕмӕ сӕ тас бацӕудзӕн+,
Ӕмӕ йыл худдзысты+.
7 Ахӕм у, Хуыцау йӕ фидар мӕсыг кӕмӕн нӕу+,
Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ йӕ бирӕ хъӕздыгдзинӕдтыл чи дары+,
Иннӕтӕн фыдбылызтӕ чи кӕны ӕмӕ уымӕй ныфсджын чи у, уыцы адӕймаг+.
8 Ӕз та уыдзынӕн Хуыцауы хӕдзары сагъд пӕлӕхсар оливӕбӕласы хуызӕн+.
Ӕз мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Хуыцауы ӕнувыд уарзтыл ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.
9 Ӕнустӕм дӕ кадджын кӕндзынӕн дӕ хъуыддӕгты тыххӕй+.
Дӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты раз мӕ ныфс дардзынӕн дӕ номыл, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы циндзинад+.