Исай
4 Ӕмӕ уыцы бон авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты+ ӕмӕ йын зӕгъдзысты: «Мах хӕрдзыстӕм нӕхи дзул ӕмӕ дардзыстӕм нӕхи дарӕс, ӕрмӕст нын бар ратт, цӕмӕй дын дӕ ном хӕссӕм ӕмӕ худинагӕй фервӕзӕм»+.
2 Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй сзайын кӕндзӕн, уыцы тау+ суыдзӕн сӕ кад ӕмӕ сӕ фидыц+, ӕмӕ, Израилы адӕмӕй чи аирвӕза+, уыдон сӕ зӕххы тыллӕгӕй уыдзысты буц+, йӕ уындӕй сӕ зӕрдӕ райдзӕн. 3 Сионыл чи баззайа, Иерусалимы ма чи уа, уыдоны тыххӕй загъд уыдзӕн, зӕгъгӕ, йӕ цӕсты сты сыгъдӕг+ – Иерусалимы цӕрынӕн фыст чи ’рцыд, уыдон иууылдӕр+.
4 Йегъовӕ Сионы чызджытӕн сӕ чъизитӕ куы ныхса+, Иерусалимы цы туг ныккалд+, уый тӕрхоны хъаруйӕ ӕмӕ пиллон арты хъаруйӕ+ куы расыгъдӕг кӕна+, 5 уӕд Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Сионы хохы сӕрмӕ+ ӕмӕ ӕмбырды бынаты сӕрмӕ бонӕй уыдзӕн мигъ ӕмӕ фӕздӕг, ӕхсӕвы+ та – пиллон арты цӕхӕр+, уымӕн ӕмӕ, кадджын цыдӕриддӕр у, уыдон уыдзысты хъахъхъӕд+. 6 Ӕмӕ уым уыдзӕн халагъуд, ӕмӕ дзы адӕймаг боныгон судзгӕ тӕвды рӕстӕг аууон ссардзӕн+, бамбӕхсдзӕн дзы тӕрккъӕвдайӕ, ӕвзӕр бон дзы йӕхи бааууон кӕндзӕн+.