94 О мастисӕг Хуыцау Йегъовӕ+,
О мастисӕг Хуыцау, хурау ракӕс!+
2 Сыст, о зӕххы Тӕрхонгӕнӕг+.
Цы ’мбӕлы, уый бакӕн сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн+.
3 Кӕдмӕ, о Йегъовӕ+,
Кӕдмӕ цин кӕндзысты фыдгӕнджытӕ?+
4 Стыр ныхас кӕнынц, бауромӕн сын нӕй+.
Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон сӕхицӕй ӕппӕлынц+.
5 О Йегъовӕ, дӕ адӕмы дын ссӕндынц+,
Бынӕн кӕй равзӕрстай, уыдоны ӕфхӕрынц+.
6 Идӕдз устыты ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты цӕгъдынц+,
Сидзӕрты марынц+.
7 Ӕмӕ дзурынц: «Йагъ ӕй нӕ уыны+,
Иаковы Хуыцау нӕ зоны, цы цӕуы, уый»+.
8 Бамбарут, ӕнӕмбаргӕ адӕм+.
Ӕмӕ сымах, ӕнӕзӕндтӕ, кӕд бамбардзыстут исты?+
9 Ау, адӕймагӕн хъустӕ чи радта, уый ницы хъусы?+
Кӕнӕ, цӕстытӕ чи скодта, уый ницы уыны?+
10 Ау, адӕмтӕн зонд чи амоны+
Ӕмӕ адӕймагӕн зонындзинӕдтӕ чи дӕтты, уый уайдзӕф нӕ бакӕндзӕн?+
11 Йегъовӕ зоны адӕймаджы хъуыдытӕ, зоны, комулӕфтӕй уӕлдай кӕй не сты+.
12 Амондджын у, о Йагъ, ды зонд кӕмӕн амоныс+
Ӕмӕ дӕ закъоныл кӕй ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг+,
13 Цӕмӕй йын удӕнцой раттай бӕллӕхы бон+,
Цалынмӕ фыдгӕнӕгӕн дзыхъхъ къахт не ’рцӕуа, уӕдмӕ+.
14 Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы+
Ӕмӕ йӕ бынтӕ нӕ ныууадздзӕн+.
15 Тӕрхоны уынаффӕтӕ та ногӕй уыдзысты раст+,
Ӕмӕ рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон сӕ ӕххӕст кӕндзысты.
16 Чи рахӕцдзӕн мӕ сӕрыл, чи сыстдзӕн ӕвзӕргӕнджыты ныхмӕ?+
Фыдгӕнджыты ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн мӕн тыххӕй?+
17 Йегъовӕ мын куы не ’ххуыс кодтаид+,
Уӕд афонмӕ мӕ кой дӕр нал уаид+.
18 Куы-иу загътон: «Ныр мӕ къах фӕцуддзӕни»+,
Уӕд мын де ’нувыд уарзт, о Йегъовӕ, хъарутӕ лӕвӕрдта+.
19 Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой+,
Уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд+.
20 Ау, мӕнгард хицӕуттӕ,
Закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ аразынвӕнд чи кӕны, уыдон де ’мбӕлттӕ уыдзысты?+
21 Ӕгъатырӕй сӕхи ныццӕвынц рӕстгӕнӕджы удыл+
Ӕмӕ ӕнаххосы фӕаххосджын кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ туг ныккалой+.
22 Фӕлӕ Йегъовӕ уыдзӕн мӕ бӕрзонд хох+,
Мӕ Хуыцау уыдзӕн ме ’мбӕхсӕн къӕдзӕх+.
23 Сӕ фыдвӕндтӕ сын сӕхирдӕм фӕкӕндзӕн+.
Сӕ фыддзинад сын сӕхиуыл бафтаудзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уыдзысты+.
Нӕ Хуыцау Йегъовӕ сын афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уыдзысты+.