1 ХАЙ
Дуне сфӕлдисынӕй Доны хъаймӕты онг
Куыд фӕзындысты арв ӕмӕ зӕхх? Науӕд хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ, стӕй зӕххыл бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ? Ацы фарстытӕн раст дзуапп дӕтты Библи. Уый дзуры, зӕгъгӕ, нӕ алфамбылай цыдӕриддӕр ис, уый сфӕлдыста Хуыцау. Уымӕ гӕсгӕ нӕ чиныг райдыдта, Библи сфӕлдыстады тыххӕй цы дзуры, уымӕй.
Мах базондзыстӕм, Хуыцау ӕппӕты фыццаг йӕхи хуызӕн уӕларвон удгоймӕгты кӕй сфӕлдыста. Уыдон уыдысты зӕдтӕ. Фӕлӕ зӕхх махӕн, ома адӕмӕн, конд уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта диссаджы рӕсугъд цӕхӕрадоны. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ сын нал уыд уым дарддӕр цӕрыны бар.
Хуыцау Адамы куы сфӕлдыста, уымӕй Доны хъаймӕты онг рацыд 1 656 (иу мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз) азы. Уыцы рӕстӕджы цард бирӕ ӕвзӕр удгоймӕгтӕ. Уӕларвыл – Сайтан ӕмӕ йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы ӕвзӕр зӕдтӕ. Зӕххыл та – Каин ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр адӕм, уыимӕ ӕнахуыр тыхджын адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы зӕххыл цард хорз адӕймӕгтӕ дӕр – Авел, Енох ӕмӕ Ной. Ӕппӕт уыцы адӕм ӕмӕ цауты тыххӕй дзырд цӕудзӕн ФЫЦЦАГ ХАЙЫ.