Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 66 радз.
  • Иезавел – цъаммар ус-паддзах

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иезавел – цъаммар ус-паддзах
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау ӕвзӕр ус-паддзахы бафхӕрдта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Ныр у фӕндфидарӕй архайыны рӕстӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Кӕд хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр-иу фидар фӕлӕууыд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • «Ахавы хӕдзарвӕндаг иууылдӕр хъуамӕ фесӕфа» (2Пд 9:8)
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 66 радз.
Галуаны цы лӕгтӕ ис, уыдон ус-паддзах Иезавелы рудзынгӕй раппарынмӕ хъавынц

66 РАДЗЫРД

Иезавел – цъаммар ус-паддзах

ПАДДЗАХ Иеровоамы мӕлӕты фӕстӕ, дӕс мыггаджы кӕм цардысты, уыцы паддзахад Израилы хицауиуӕг кодтой ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр паддзӕхтӕ. Уыдонӕй ӕппӕты ӕвзӕрдӕр уыд паддзах Ахав. Зоныс цӕмӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ йын уыдис тынг цъаммар ус Иезавел.

Иезавел израилаг нӕ уыд. Уый уыди Сидоны паддзахы чызг. Иезавел кувы мӕнг хуыцау Ваалӕн. Стӕй ма афтӕ бакодта, ӕмӕ Ахав, уыимӕ израилӕгтӕй дӕр бирӕтӕ кувын райдыдтой уыцы мӕнг хуыцауӕн. Иезавелӕн ӕнӕуынон у Иегъовӕ, йӕ пехуымпартӕй йын бирӕты фӕмардта. Удӕгас ма дзы чи баззад, уыдон та фыртӕссӕй ӕмбӕхсынц лӕгӕтты. Иезавелы исты бахъӕуӕд, ӕндӕр лӕг амарыныл дӕр нӕ ауӕрды.

Иу бон паддзах Ахав уыд тынг ӕнкъард, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Иезавел бафарста: «Абон афтӕ мӕстджын цӕуыл дӕ?» «Навуфейы ныхӕстыл,– дзуапп радта Ахав.– Йӕ сӕнӕфсирдон балхӕнын мӕ фӕндыд, фӕлӕ мын не сразы йӕ ауӕй кӕныныл». «Тыхсгӕ дӕр ма ма кӕн,– загъта Иезавел.– Кӕс ма-иу, кӕддӕра дӕу нӕ уа уыцы сӕндон».

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Иезавел фыстӕджытӕ арвыста, Навуфей кӕм цӕры, уыцы сахары хицӕуттӕм. «Цалдӕр ӕнаккаг адӕймагӕн зӕгъут, цӕмӕй Навуфейыл ӕрдау кӕной, зӕгъгӕ, уый ӕлгъыста Хуыцау ӕмӕ паддзахы,– бардзырд радта ус-паддзах.– Уый фӕстӕ Навуфейы сахарӕй ракӕнут ӕмӕ йӕ дуртӕй ныммарут».

Иезавел, Навуфей кӕй амард, уый куыддӕр фехъуыста, афтӕ Ахавӕн загъта: «Рӕвдз ацу ӕмӕ сӕнӕфсирдон дӕхи бакӕн». Цымӕ ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнды тыххӕй Иезавелы бафхӕрын нӕ хъӕуы?

Ай-гъай дӕр. Цасдӕры фӕстӕ Иегъовӕ арвыста Ииуйы Иезавелы бафхӕрынмӕ. Иезавел куы фехъуыста, Ииуй ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, уӕд йӕ цӕстытӕ бацахуырста ӕмӕ йӕхи бадзӕбӕхтӕ кодта. Фӕлӕ Ииуй куы ’рбахӕццӕ ӕмӕ Иезавелы рудзынгыл бадгӕ куы федта, уӕд галуаны цы лӕгтӕ уыд, уыдонмӕ схъӕр кодта: «Раппарут ӕй уырдыгӕй!» Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй нӕлгоймӕгтӕ сӕххӕст кодтой Ииуйы бардзырд. Раппӕрстой йӕ ӕмӕ фӕмард. Афтӕ ӕрцыд йӕ худинаджы кӕрон цъаммар ус-паддзах Иезавелӕн.

3 Паддзахӕдты 16:29–33; 18:1–4; 21:1–16; 4 Паддзахӕдты 9:30–37.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын