6 ХАЙ
Йесойы райгуырдӕй йӕ мӕлӕты онг
Хуыцау зӕд Гавриилы ӕрӕрвыста ӕвзонг хӕдӕфсарм чызг Мариамӕ. Зӕд Мариайӕн загъта, кӕй йын райгуырдзӕн сывӕллон, ӕмӕ уый ӕнустӕм кӕй паддзахиуӕг кӕндзӕн. Уыцы саби, Йесо, райгуырд скъӕты. Уырдӕм ӕм ӕрцыдысты фыййӕуттӕ. Фӕстӕдӕр ноггуырдмӕ иу стъалы ӕркодта цалдӕр лӕджы Скӕсӕнӕй. Мах базондзыстӕм, уыцы стъалы сын чи фенын кодта, уый тыххӕй, стӕй, Йесо мӕлӕтӕй куыд фервӕзт, уый дӕр.
Уый фӕстӕ базондзыстӕм, дыууадӕсаздзыд Йесо кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ куыд ныхас кодта, уый. Ӕстдӕс азы фӕстӕ Йесо райста донаргъуыд, ӕмӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта, Хуыцау ӕй зӕхмӕ цы хъуыддаджы тыххӕй ӕрӕрвыста, уый: хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. Йӕхицӕн равзӕрста дыууадӕс ӕххуысгӕнӕджы ӕмӕ уыдон систы йӕ апостолтӕ.
Йесо арӕзта диссӕгтӕ дӕр. Цалдӕр дзул ӕмӕ цалдӕр гыццыл кӕсагӕй бафсӕста мингай адӕймӕгты. Дзӕбӕх кодта рынчынты ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Ӕппынфӕстаг базондзыстӕм, Йесойы царды фӕстаг бон цы бирӕ хабӕрттӕ ’рцыд ӕмӕ йӕ куыд амардтой, уый тыххӕй. Йесо хъусын кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг, уымӕ гӕсгӕ ӔХСӔЗӔМ ХАЙ ахсы ӕртын цыппар азӕй гыццыл фылдӕр.