Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • dg 1 хай, 2–3 фф.
  • Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
  • Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи цы дзуры?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • 3-аг фарста. Хуыцау мын мӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цард ӕнӕ хъизӕмӕрттӕй
    Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
Фылдӕр фенын
Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
dg 1 хай, 2–3 фф.

1 хай

Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?

1, 2. Адӕммӕ Хуыцауы тыххӕй цавӕр фарста фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?

ЧИ ЗОНЫ, искуы ахъуыды кодтай: «Кӕд Хуыцау ис ӕмӕ ныл тыхсы, уӕд зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис?» Ӕвӕццӕгӕн, хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, ахӕм адӕймаг нӕй.

2 Адӕмӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр стыр маст ӕмӕ рыст ӕвзарын кӕнынц хӕстытӕ, ӕгъатыр митӕ, фыдракӕндтӕ, хӕрам хъуыддӕгтӕ, мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ хиуӕтты мӕлӕт. Ӕрмӕст 20 ӕнусы хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Иннӕ сӕдӕгай милуантӕ та фӕцӕфтӕ сты кӕнӕ ӕнӕ хӕдзар ӕмӕ ӕнӕ мулкӕй баззадысты. Нӕ рӕстӕджы бирӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы. Ӕмӕ уый аххосӕй йӕ зӕрдӕ цал адӕймагӕн фӕриссы, йӕ цӕссыгӕй йӕхи цал адӕймаджы фехсы ӕмӕ йӕ ныфс цал адӕймагӕн асӕтты, уыдоны банымайӕн дӕр нӕй.

3, 4. Хуыцау кӕй уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной, уый тыххӕй бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц?

3 Иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур вӕййынц, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, кӕд Хуыцау ис, уӕд ныл ӕппындӕр нӕ тыхсы, зӕгъгӕ. Кӕнӕ та афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау нӕй. Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг иу нӕлгоймагӕн йе ’мбӕлтты ӕмӕ йӕ бинонты амардтой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уый бафарста: «Кӕм уыди Хуыцау, йе ’ххуыс нӕ куы хъуыди, уӕд?» Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг нацисттӕ фыдмард акодтой милуангай адӕмы. Уыцы хӕсты дудгӕбӕттӕ йӕхи сӕр кӕмӕн баййӕфта, иу ахӕм нӕлгоймаг та загъта: «Мӕ зӕрдӕ мын исчи куы асдӕрид, уӕд фӕхъӕстӕ уаид».

4 Уӕдӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, кӕд Хуыцау хорз у, уӕд цӕмӕн уадзы, цӕмӕй ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуа. Уыдон дызӕрдыг кӕнынц, кӕй сыл тыхсы, ууыл, стӕй ма кӕй ис, суанг ууыл дӕр. Бирӕтӕ сӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕм цард-цӕрӕнбонты хъуамӕ хъизӕмар кӕной.

[Ныв 2, 3 фӕрстыл]

Цымӕ, хъизӕмӕрттӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дуне ӕввахс у?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын