Ӕддаг цъар фӕстейӕ
ЗӔХХЫЛ адӕм куы фӕзындысты, уӕд фыццаджыдӕр бындур ӕвӕрд ӕрцыд бинонты цардӕн. Фӕлӕ абон бинонты цард ис тӕссаг уавӕры. Рӕзгӕ фӕсивӕд наркотиктыл ӕмӕ ӕнӕгъдау митыл бафтыдысты, бинонтӕ хицӕн кӕнынц. Сарӕх сты, бинонты ’хсӕн иу иннӕмӕ йӕ къух куы сисы, ахӕм хабӕрттӕ. Бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕны, сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарджыты нымӕц. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ ис, ӕмӕ адӕймаг сагъӕстыл схӕцы, бинонты хабар дарддӕр та куыд уыдзӕн, зӕгъгӕ.
Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бинонтӕ фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрой? О, кӕд, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый зоной, уӕд. Ӕмӕ уый базонын та зын нӕу. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр бирӕ уыди, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый чи зыдта ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ чи арӕзта, ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ фӕсмойнаг ничи фӕци. Уӕдӕ цӕмӕй кӕнгӕ у бинонты амонд? Уый базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у», зӕгъгӕ. Чиныджы ма ис цардӕй ист цӕвиттонтӕ дӕр. Уыцы цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, адӕймаг, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый куы зона, уӕд йӕ бон кӕй у йӕ бинонты царды алыхуызон зындзинӕдты сӕрты хизын. Цымӕ ахӕм адӕймаг ис, уыцы хъуыддаг зонын кӕй нӕ хъӕуы?