Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 9 ур., 15 ф.
  • Чи сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чи сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ?
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Зӕдтӕн сӕ бон куыд у махӕн ӕххуыс кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 9 ур., 15 ф.

9 УРОК

Чи сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ?

Йесо Чырысти, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕмӕ зӕдтӕ разамынд дӕттынц хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн

Йесо Чырысти у Иегъовӕйы Фырт ӕмӕ йе ’ппӕты хуыздӕр ӕмӕ зынаргъдӕр хӕлар. Йесо ма уӕларвыл куы цард, уӕд уыд хъомысджын уӕларвон фӕлдисонд (Иоанны 17:5). Уый фӕстӕ уый ӕрцыд зӕхмӕ, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгад раргом кодтаид (Иоанны 18:37). Уымӕй уӕлдай ма уый амард коммӕгӕс адӕймагады тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй (Ромӕгтӕм 6:23). Ныртӕккӕ Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах; уыцы Паддзахад у уӕларвон хицауад, ӕмӕ уый руаджы зӕххыл арӕзт ӕрцӕудзӕн Дзӕнӕт (Раргомад 19:16).

Зӕдтӕ дӕр сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Зӕдтӕ адӕмау зӕххыл никуы цардысты. Хуыцау зӕхх куы нӕма сфӕлдыста, уӕд сӕ сфӕлдыста уӕларвыл (Иов 38:4—7). Уӕлӕрвты ис милуангай зӕдтӕ (Данелы 7:10, БГТ). Хуыцауы уӕларвон хӕлӕртты фӕнды, цӕмӕй адӕм базоной ӕцӕгад Иегъовӕйы тыххӕй (Раргомад 14:6, 7).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сылгоймагӕн хорз хабар дзурынц

Хуыцауӕн ма хӕлӕрттӕ ис зӕххыл дӕр; уый сӕ хоны йе ’вдисӕнтӕ. Ӕвдисӕн тӕрхондоны фӕдзуры, искӕй кӕнӕ истӕй тыххӕй цы зоны, уый. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та адӕмӕн дзурынц, Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй цы зонынц, уый (Исай 43:10). Зӕдтау Ӕвдисӕнты дӕр фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Иегъовӕйы тыххӕй ӕцӕгад базонай. Уыдон фӕнды, цӕмӕй ды дӕр Хуыцауы хӕлар уай.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын