Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 3 ф.
  • Разныхас

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разныхас
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 3 ф.

Разныхас

Зынаргъ чиныгкӕсӕг!

Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау дӕ Хӕлар у? Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Иннӕтӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы сӕ мӕт нӕй. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕхи уый аккагыл нӕ нымайынц, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уой. Фӕлӕ нын Библи дзуры: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Хуыцау ма нын афтӕ дӕр дзуры: «Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“» (Исай 41:13).

Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ суӕм? Не ’ввахс хӕлар вӕййы, хорз кӕй зонӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ кӕй миниуджытӕ фӕцӕуынц, ахӕм адӕймаг. Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар суа, уый тыххӕй хъуамӕ Библийӕ базонӕм, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ куыд фӕархайы, уый. Йегъовӕ йӕ миниуджытӕ куыд ӕвдисы ӕмӕ йӕ Йесо Чырысти куыд фӕзмыдта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ мах дӕр уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд Хуыцаумӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм. Мах базондзыстӕм, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Хицау ӕмӕ Фыд кӕй нӕй. Йегъовӕ у стыр тыхы хицау, у рӕстаг, зондджын ӕмӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдоны никуы ныууадздзӕн.

Цӕй уӕдӕ дын ацы чиныг баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай ӕмӕ ӕнустӕм йӕ хӕлар уай. Уӕд ӕнустӕм цӕрдзынӕ ӕмӕ йӕ кадджын кӕндзынӕ.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын