Ӕддаг цъар фӕстейӕ
Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй Исайы 40:11 стихы кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн». Фыййау йӕ хъӕбысы кӕй бакодта, уыцы уӕрыкмӕ-ма ӕркӕс. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр дӕ уӕларвон Фыдмӕ афтӕ ӕввахс уай? Фӕлӕ дӕ бон куыд у, ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уай?