47 зарӕг
Хъусын кӕнӕм хорз хабар
1. Хуыцауы фӕнд ӕнусты дӕргъы сусӕг уыд.
Ныр та йӕ зонӕм, Байзӕддаг ӕцӕг ӕрцыд.
Йегъовӕ у рӕстаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ –
Ӕркасти йе сконд адӕмӕн сӕ уавӕрмӕ.
Уый сфӕнд кодта йӕ Фыртӕн раттын Паддзахад,
Куыд аххӕсса ӕгас зӕххыл дӕр йӕ хицауад.
Йӕ фӕнд уыди, цӕмӕй йӕ Фыртӕн уа «чындзаг» –
Ӕвзӕрстыты «гыццыл дзуг» скодта уый аккаг.
2. Цы хорз хабар хӕссӕм, уый раджы фыст уыди.
Хуыцау куыд загъта, афтӕ абон раргом и.
Ӕнувыдӕй йӕ зӕдтӕ немӕ архайынц,
Нӕ уацамынды куысты нын ӕххуыс кӕнынц.
Нӕ кадджын хӕс ӕххӕст кӕнӕм мах алы бон –
Бӕрзонд кӕнӕм кӕддӕрид не Стыр Хуыцауы ном.
Ӕрхауд нӕм уыцы кад, ’мӕ йын йӕ ном хӕссӕм,
Ӕппӕт адӕмтӕм хорз хабаримӕ цӕуӕм.
(Кӕс ма Мар. 4:11; Хъуыд. 5:31; 1 Кор. 2:1, 7.)