Ды дӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕндзынӕ?
Тынг ӕхсызгон нын у, ацы брошюрӕ бакӕсынӕн рӕстӕг кӕй ссардтай. Ды базыдтай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты, цы аразынц ӕмӕ нӕ организаци куыд архайы, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕ ныфс ис, ныр дӕ бон фидарӕй зӕгъын кӕй у, абон зӕххыл Хуыцауы фӕндон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц. Уӕдӕ дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонай. Стӕй хорз уаид, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уый-иу дӕ бинонтӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн куы радзурис ӕмӕ алы къуыри дӕр не ’мбырдтӕм куы цӕуис (Дзуттӕгтӕм 10:23–25).
Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ, куыд тынг дӕ уарзы, уый. Ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн, ды дӕр ӕй кӕй уарзыс, уый равдисын (1 Иоанны 4:8–10, 19). Фӕлӕ дӕ уарзондзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй у дӕ бон ӕвдисын? Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн? Ӕмӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕу дӕр бафӕнда немӕ иумӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын? Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый дын баххуыс кӕндзӕн ацы фарстатӕн дзуапп базонынӕн. Ӕмӕ уыцы зонындзинӕдты фӕрцы ды дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр уӕ цард афтӕ араздзыстут, цӕмӕй «Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнат» ӕмӕ ӕнусон царды ныфсыл фидар хӕцат (Иудӕйы 21).