Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 82 сӕр, 192 ф.–193 ф., 4 абз.
  • Йесойы лӕггад Перейы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесойы лӕггад Перейы
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо та ацыд Иерусалиммӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • «Нӕма ӕрцыд Йӕ сахат»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • «Ӕрцыд Йӕ сахат»!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтой
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 82 сӕр, 192 ф.–193 ф., 4 абз.
Къуырттон карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын бакодта

82 СӔР

Йесойы лӕггад Перейы

ЛУКАЙЫ 13:22–14:6

  • АДӔМЫ РАЗӔНГАРД КӔНЫ НАРӔГ ДУАРЫЛ БАХИЗЫНМӔ

  • ЙЕСО ХЪУАМӔ АМӔЛА ИЕРУСАЛИМЫ

Йесо Иудейӕйы ӕмӕ Иерусалимы адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ уым, Перейы бӕстӕйы, горӕттыл зылди ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. Фӕлӕ тагъд хъуамӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ацыдаид.

Лӕг ӕппӕт хъарутӕй архайы нарӕг дуарыл бахизыныл

Йесо ма Перейы куы уыди, уӕд ӕй иу лӕг бафарста: «Хицау, бирӕтӕ кӕй нӕ фервӕздзысты, уый ӕцӕг у?» Уыцы лӕг, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыста, дины разамонджытӕ кӕрӕдзиимӕ кӕй быцӕу кодтой, бирӕтӕ фервӕрздзысты ӕви ӕрмӕстӕр иуӕй-иутӕ, уый фӕдыл. Йесо ницы загъта, цас адӕм фервӕздзӕн, уый тыххӕй, фӕлӕ бамбарын кодта, адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй фервӕза: «Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут нарӕг дуарыл бахизыныл». Куыд уынӕм, афтӕмӕй хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын, тох кӕнын. Цӕмӕн? Йесо уый дӕр бамбарын кодта: «Бирӕтӕ архайдзысты бахизыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн» (Лукайы 13:23, 24).

Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кодтаид, уый тыххӕй ӕрхаста цӕвиттон: «Хӕдзары хицау сыстдзӕн ӕмӕ дуар сӕхгӕндзӕн, сымах та ӕддейӕ баззайдзыстут ӕмӕ дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, дуар нын бакӕн!“ [...] Фӕлӕ уын уый зӕгъдзӕн: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын. Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ!“» (Лукайы 13:25–27).

Ацы цӕвиттонӕй уынӕм, чи байрӕджы кодта, уыцы адӕймаг цы уавӕры уыди, уый. Ӕвӕццӕгӕн ын ӕнцондӕр кӕд уыд, уӕд ӕрбацыд, ӕмӕ дуар ӕхгӕдӕй ӕрбаййӕфта. Хъуамӕ раздӕр ӕрбацыдаид, кӕд ын ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр. Афтӕ уыди сӕ хабар, Йесо уыцы ран кӕй ахуыр кодта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй стыр пайда райсын йӕ бон кӕмӕн уыд, уыдонӕн дӕр. Диссаджы фадат сын фӕзынд, цӕмӕй Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын райдыдтаиккой ӕмӕ сын уый сӕ царды сӕйрагдӕр суыдаид. Фӕлӕ уыцы фадатӕй не спайда кодтой. Хуыцау Йесойы кӕмӕ рарвыста, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты, кӕй фӕрцы сӕ ирвӕзын кодта, ууыл. Йесо сын загъта, ӕддӕмӕ сӕ кӕй раппардзысты, ӕмӕ уырдыгӕй «сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын» кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ адӕм «скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй», ома ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр, ӕрцӕудзысты ӕмӕ «ӕрбаддзысты фынгыл Хуыцауы паддзахады» (Лукайы 13:28, 29).

Йесо бамбарын кодта: «Фӕстӕгтӕй [зӕгъӕм, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй ӕмӕ, хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уагътой, уыцы дзуттӕгтӕй] чидӕртӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй [Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй сты, уымӕй буц чи уыд, уыцы дины разамонджытӕй] та чидӕртӕ – фӕстӕгтӕ» (Лукайы 13:30). Уыцы дзуттӕгтӕ «фӕстӕгтӕ» кӕй систы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Хуыцауы хорздзинӕдтӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдонӕн Хуыцауы Паддзахады бынат нӕй.

Уӕд фарисейтӕй чидӕртӕ Йесомӕ бацыдысты ӕмӕ йын бауынаффӕ кодтой: «Сыст ӕмӕ дӕхи ардыгӕй айс, уымӕн ӕмӕ дӕ Ирод [Антипӕ] марынмӕ хъавы». Ӕвӕццӕгӕн, уыцы мӕнг ныхас паддзах Ирод йӕхӕдӕг апарахат кодта, цӕмӕй Йесо фӕтарстаид ӕмӕ йӕ дӕлбар бӕстӕйӕ ацыдаид. Ирод, чи зоны, тарсти, Аргъауӕг Иоанны туджы йӕ къухтӕ куыд сӕвдылдта, афтӕ та йӕ ӕндӕр пехуымпары туджы дӕр йӕ къухтӕ сӕвдулын куы бахъӕуа. Фӕлӕ Йесо фарисейтӕн загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн зӕгъут: „Абон ӕмӕ райсом адӕмӕй сурдзынӕн дӕлимонты ӕмӕ сӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕуыдзынӕн“» (Лукайы 13:31, 32). Йесо Ироды «рувас», чи зоны, уый тыххӕй схуыдта, ӕмӕ рувӕстӕ тынг хинӕйдзаг сты. Фӕлӕ Йесойыл хинӕй нӕдӕр Ирод рацыдаид, нӕдӕр ӕндӕр исчи, ӕмӕ искӕй ныхӕстӕм гӕсгӕ сонт митӕ дӕр нӕ кодтаид. Йесо ӕххӕст кодта, йӕ Фыд ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕмӕ алцыдӕр арӕзта, адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ.

Йесо йӕ фӕндаг дарддӕр Иерусалиммӕ кодта, уымӕн ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, «пехуымпары Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой, уымӕн гӕнӕн нӕй» (Лукайы 13:33). Библийы иу пехуымпарады дӕр афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ Мессийӕ хъуамӕ уыцы горӕты амардаид. Ӕмӕ уӕдӕ уӕд Йесо афтӕ цӕмӕн дзырдта, ӕмӕ йӕ уым амардзысты? Уымӕн ӕмӕ Иерусалим сӕйраг горӕт уыд. Уым уыди, 71 тӕрхонгӕнӕджы кӕм уыд, уыцы Сӕйраг тӕрхондон дӕр. Ӕмӕ-иу ахӕм азым кӕмӕ ссардтой, мӕнг пехуымпар у, зӕгъгӕ, уыдонӕн дӕр-иу сӕ хъуыддаг уым ӕвзӕрстой. Стӕй-иу фосы нывӕндтӕ дӕр уым хастой. Уӕдӕ Йесо ӕмбӕрста, ӕндӕр искуы йӕ амардтаиккой, уымӕн гӕнӕн кӕй нӕ уыд.

Къуырттон карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын бакодта

Уымӕ гӕсгӕ Йесо уыцы горӕтыл хъарӕг кодта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары ӕмӕ йӕм кӕй ӕрӕрвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы! Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд. Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар ныууадздзӕн» (Лукайы 13:34, 35). Дзуттаг адӕм Хуыцауы Фыртыл нӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп радтаиккой!

Йесо Иерусалиммӕ куы бацыд, уый размӕ йӕ сабатбон фарисейты хистӕртӕй иу сӕхимӕ къӕбӕр бахӕрынмӕ фӕхуыдта. Уазджыты ’хсӕн уыди доннизӕй (дон уӕрджыты ӕмӕ къӕхты ӕмбырд кӕнын куы райдайы, ахӕм низӕй) рынчын адӕймаг дӕр. Ӕмӕ иууылдӕр Йесомӕ лӕмбынӕг кастысты, цы йын сараздзӕн, зӕгъгӕ. Йесо фарисейты ӕмӕ, Закъон хорз чи зыдта, уыдоны бафарста: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» (Лукайы 14:3).

Фӕлӕ йын дзуапп ничи радта. Уӕд Йесо рынчын адӕймаджы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ та сӕ стӕй бафарста: «Искӕмӕн уӕ йӕ фырт кӕнӕ йӕ гал сабаты цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уайтагъд не сласдзӕн?» (Лукайы 14:5). Ӕмӕ та ныр дӕр хъусӕй лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ йын цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой.

  • Йесо куыд бамбарын кодта, адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй фервӕза? Бирӕтӕ ӕхгӕд дуары ӕдде цӕмӕн баззадысты?

  • Чи уыдысты, «фыццӕгтӕ» чи систы, уыцы «фӕстӕгтӕ» ӕмӕ, «фӕстӕгтӕ» чи систы, уыцы «фыццӕгтӕ»?

  • Паддзах Ирод цӕмӕй тарсти?

  • Йесо афтӕ цӕмӕн дзырдта, ӕмӕ йӕ Иерусалимы амардзысты?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын