Сӕргӕндтӕ
1 ХАЙ. ЦӔМӔН ХЪӔУЫ ЙЕГЪОВӔМӔ ӔРБАЗДӔХЫН?
Йегъовӕйы адӕм-иу раджы заманты ӕмбӕлдысты, мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Фӕлӕ-иу Йегъовӕ сӕ фарсмӕ балӕууыд ӕмӕ-иу сын баххуыс кодта. Ӕмӕ афтӕ кӕны абон дӕр. Йегъовӕ у нӕ фӕлмӕн ӕмӕ нӕ уарзӕгой Фыййау. Йӕ фыстӕй чи фесӕфы, уыдоны ссары ӕмӕ сын фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕны.
1 хай. «Чи фесӕфт, уый бацагурдзынӕн»
2–4 ХӔЙТТӔ. ӔРБАЗДӔХЫН ЗЫН ЦӔМӔН ВӔЙЙЫ?
Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр хатгай мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ ӕнцой нӕ фӕдӕттынц, чидӕр сӕ фӕхъыг кӕны кӕнӕ сӕ рӕдыдтыты тыххӕй сӕхи фӕхӕрынц, ӕмӕ уый тынг фӕзыны сӕ лӕггадыл дӕр. Базон, Йегъовӕ сын куыд баххуыс кӕны фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууынӕн, ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн ӕмӕ та, раздӕр куыд цин кодтой, афтӕ цин кӕнынӕн.
2 хай. Мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ. «Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц»
3 хай. Чидӕр дын дӕ зӕрдӕ скъахта. «Исчи нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна»
4 хай. Дӕ рӕдыды тыххӕй дӕхи хӕрыс. «Ссыгъдӕг [мӕ] кӕн мӕ тӕригъӕдӕй»
5 ХАЙ. КУЫД ИС ЙЕГЪОВӔМӔ ӔРБАЗДӔХӔН?
Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхай. Ӕркӕс, уый цӕмӕй бӕрӕг у, уымӕ. Бакӕс, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕмӕ куыд ӕрбаздӕхтысты, ӕмбырд сӕм цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы хъуыддӕгты раздӕрау зӕрдиагӕй архайынӕн куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй.
5 хай. Ӕрбаздӕхут, «уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ»