Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 65 сӕр, 154 ф.–155 ф., 1 абз.
  • Есфир йӕ адӕмы фервӕзын кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Есфир йӕ адӕмы фервӕзын кодта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мардохей ӕмӕ Есфир
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ӕмбаргӕ, хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай сылгоймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Есфиры чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 65 сӕр, 154 ф.–155 ф., 1 абз.
Есфир бахызт, паддзах Ахашверошы хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууынц, уыцы кӕртмӕ

65 СӔРГОНД

Есфир йӕ адӕмы фервӕзын кодта

Ус-паддзах Есфир

Есфир уыди дзуттаг чызг ӕмӕ цард Персы, горӕт Сузӕйы. Схъомыл ӕй кодта йӕ фыдыфсымӕры фырт Мардохей. Мардохей уыд Персы паддзах Ахашверошы лӕггадгӕнӕг.

Паддзах Ахашверошы бафӕндыд ног ус ракурын. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕм ӕрбакодтой сӕ бӕстӕйы ӕппӕты рӕсугъддӕр сылгоймӕгты, ӕмӕ се ’хсӕн уыди Есфир дӕр. Паддзах равзӕрста Есфиры, цӕмӕй йӕ ус суыдаид. Мардохей Есфирӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, дзуттаг кӕй у, уый макӕмӕн загътаид.

Иу сӕрбӕрзонд лӕг, Аман, уыд кънйӕзты хистӕр. Аманы фӕндыд, цӕмӕй-иу ын алчидӕр сӕрӕй ныллӕг акуывтаид. Фӕлӕ Мардохей афтӕ нӕ кодта. Аман ӕм уый тыххӕй тынг мӕсты кодта, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта амарын. Мардохей дзуттаг кӕй у, уый Аман куы базыдта, уӕд сфӕнд кодта уыцы бӕстӕйы дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр амарын. Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Дзуттӕгтӕ нӕ бӕстӕйы закъӕттӕ не ’ххӕст кӕнынц. Уыцы адӕмы ныццӕгъдын хъӕуы». Ахашверош ын загъта: «Куыддӕридӕр дӕ фӕнды, афтӕ сын кӕн». Ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй дзуттӕгты ныхмӕ закъон рауагътаид. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ адары мӕйы ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр хъуамӕ ныццагътаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕ алцыдӕр уыдта.

Ахӕм закъон кӕй рацыд, уый Есфир нӕ зыдта. Гъемӕ йын Мардохей закъоны къопи арвыста ӕмӕ йын загъта: «Ацу паддзахмӕ ӕмӕ йемӕ аныхас кӕн». Есфир ын загъта: «Паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ чи бацӕуа, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн. Мӕнмӕ та паддзах 30 боны дӕргъы нӕ фӕдзырдта! Фӕлӕ ӕз уӕддӕр ацӕудзынӕн. Кӕд мӕм паддзах йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй ацамона, уӕд удӕгасӕй баззайдзынӕн, кӕд нӕ, уӕд та амӕлдзынӕн».

Есфир ацыд паддзахы галуанмӕ. Паддзах ӕй куы ауыдта, уӕд ӕм йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй ацамыдта. Есфир ӕм бацыд ӕмӕ йӕ уый бафарста: «Исты хабар у, Есфир?» Есфир ын загъта: «Дӕуӕн ӕмӕ мӕ Аманӕн фӕнды куывд скӕнын, ӕмӕ-иу ӕрбацӕут». Куывды куы бадтысты, уӕд сын Есфир загъта, райсом дӕр уӕ хонын, зӕгъгӕ. Иннӕ бон ӕм куы ’рбацыдысты, уӕд та йӕ паддзах ногӕй бафарста: «Мыййаг дӕ исты хъӕуы?» Уӕд ын Есфир загъта: «Иу чидӕр мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр фесафынмӕ хъавы. Курӕг дӕ дӕн, фервӕзын нӕ кӕн». Паддзах ӕй бафарста: «Чи у уыцы адӕймаг?» Есфир ын загъта: «Мӕнӕ ацы ӕвзӕр лӕг, Аман!» Ахашверош афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ уыцы тӕккӕ бон Аманы амарын кодта.

Фӕлӕ Аман цы закъон рауагъта, уый йӕ бон никӕмӕн уыд аивын, суанг паддзахӕн дӕр. Уӕд паддзах Ахашверош Мардохейы сӕвӕрдта кънйӕзты хистӕрӕй ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй ӕндӕр закъон рауагътаид. Гъемӕ уый дӕр ног закъон рауагъта. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕн бар уыд, цӕмӕй адары мӕйы ӕртындӕсӕм бон се знӕгты ныхмӕ рацыдаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Гъемӕ уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд дзуттӕгтӕ се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттӕгтӕ алы аз дӕр бӕрӕг кодтой, кӕй фӕуӕлахиз сты, уыцы хабар.

«Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр фехъусой хорз хабар» (Матфейы 10:18)

Фарстатӕ. Аман дзуттӕгты ныхмӕ цы сфӕнд кодта? Есфир Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта, уый куыд равдыста?

Есфир 2:5–20; 3:1–5:8; 7:1–8:14; 9:1–28

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын