Ахсджиаг цауы уыдзынӕ?
УЫЦЫ зӕрдылдарӕн бон, Иегъовӕ Хуыцау иу-3 500 азы размӕ Египеты цагъарады чи уыд, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк аргӕвстаиккой ӕмӕ йын йӕ тугӕй сӕ хӕдзӕртты уӕлкъӕсӕртӕ ӕмӕ хъайвантӕ байсӕрстаиккой. Уыцы изӕр Хуыцауы зӕд ацыд нысангонд хӕдзӕртты рӕзты ӕмӕ ныццагъта египетӕгты фыццаггуырд фыртты. Уый фӕстӕ израилӕгтӕ ссӕрибар сты. Цӕмӕй дзуттӕгтӕ уыцы цау сӕ зӕрдыл дардтаиккой, уый тыххӕй бӕрӕг кӕнынц Куадзӕн.
Йесо Чырысти куыддӕр йӕ апостолтимӕ йӕ фӕстаг Куадзӕн арвыста, афтӕ сӕвӕрдта бындур йӕ мӕлӕты ӕрымысӕн изӕрӕн. Уый йӕ апостолтӕн ратта ӕнӕнхъызт дзул ӕмӕ сын загъта: «Райсут, хӕрут: уый у Мӕ Буар». Уый фӕстӕ сын ратта сӕны къус ӕмӕ загъта: «Нуазут амӕй иуылдӕр; уымӕн ӕмӕ уый у Мӕ Туг, ног фӕдзӕхсты, бирӕты тыххӕй калд уыдзӕн, тӕригъӕдтӕ ныббарыны тыххӕй». Йесо ма загъта: «Уый кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Матфейы 26:26—28; Лукайы 22:19, 20). Афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕты бон бӕрӕг кодтаиккой.
Ацы аз Йесойы мӕлӕты бон хауы ӕртыццӕгмӕ, 19 апрелмӕ, хурныгуылды фӕстӕ. Уыцы изӕр, Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ӕппӕт дунейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты йӕ мӕлӕт бӕрӕг кӕныны Изӕрмӕ. Зӕрдӕбынӕй дӕ хонӕм ацы бӕрӕгбонмӕ. Дӕ хорзӕхӕй, фембӕлд кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый базон бынӕттон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй.