«Бузныг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дины сӕрибардзинады тыххӕй»
«ИЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕныл дуар сӕхгӕныны размӕ уал ахъуыды кӕн, ӕрӕджы дӕр ма цы ӕвирхъау ӕфхӕрд ӕййӕфтой, ууыл, ӕмӕ ма уыдоны руаджы, Иугонд Штатты Конституцийы 1-аг Ивындзинадмӕ гӕсгӕ нын цы бартӕ уыд, уыдонӕй фылдӕр пайда кӕнын кӕй райдыдтам, ууыл дӕр»,— дзырдӕуы иу газеты («USA Today»). 1940 азты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Иугонд Штатты ӕййӕфтой ӕфхӕрд алыхуызон аххосӕгты тыххӕй, уыимӕ тырысайӕн табу кӕй нӕ кодтой, уый тыххӕй дӕр (Рацыд 20:4, 5).
Фондз азмӕ, 1938 азӕй 1943 азы онг, АИШ-ы Сӕйраг тӕрхондоны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайды фӕдыл ӕвзӕрст ӕрцыд иу 30 хъуыддаджы. Уыцы статьяйы дзырдӕуы: «1-аг Ивындзинадмӕ цы ахсджиаг фарстатӕ хауынц, уыдоныл Ӕвдисӕнтӕ афтӕ арӕх дзырдтой, ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕг Харлан Фиск Стоун ныффыста: „Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты схорзӕхджын кӕнын ӕмбӕлы, ӕмбӕстӕгты бартӕм хауӕг юридикон фарстатӕ скъуыддзаг кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй“».
Афтӕмӕй, статьяйы кӕрон дзырдӕуы: «Динтӕ иууылдӕр хъуамӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕгъой бузныг, [динӕн] фылдӕр сӕрибардзинад кӕй фӕзынд, уый тыххӕй».
[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 32 фарсыл]
Агъуыст: Photo by Josh Mathes, Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны архивтӕ; бынӕй галиуырдыгӕй тӕрхонгӕнджытӕ: Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны архивтӕ.