Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w01 1/7 32 ф.
  • Уый зын ферохгӕнӕн у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уый зын ферохгӕнӕн у
  • Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
w01 1/7 32 ф.

Уый зын ферохгӕнӕн у

АЛЫ аз дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, алчидӕр йӕхи бӕстӕйы, ӕрӕмбырд вӕййынц чырыстон конгресты. Уырдӕм ӕрбацӕуынц, цӕмӕй райсой уырнындзинад фидаргӕнӕн амындтӕ ӕмӕ ма кӕрӕдзийы дӕр феной. Фӕлӕ ахӕм фембӕлдтӕм фыццаг хатт чи ӕрбацӕуы, уыдон ма дзы ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр бафиппайынц, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй цы фенынц, уый сӕ зӕрдӕты ныууадзы арф фӕд.

Цӕвиттон, 1999 азы июлы Мозамбикы Ӕвдисӕнтӕй мингӕйттӕ ӕрӕмбырд сты, ӕртӕ боны цы диссаджы облӕстон конгрес цыд, уым, «Хуыцауы пехуымпарадон Ныхас», зӕгъгӕ. Ӕрбацӕуджытӕй бирӕтӕ ахӕм конгрессы уыдысты фыццаг хатт. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕты арф фӕд ныууагътой, сценӕйӕ цы ныхӕстӕ фехъуыстой, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ ма сӕ алыварс цы федтой, уый дӕр.

Мапутуйы Конгресты залы иу сылгоймаг загъта: «Мӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты ахӕм рӕсугъд бынат никуыма федтон! Уазӕгдӕтты уыд сапон ӕмӕ кӕсӕнтӕ, ӕмӕ тӕф дӕр сыгъдӕджы тӕф кодтой. Залы хъӕлӕба ничи кодта, сывӕллӕттӕ дзы хъӕбысӕй нӕ хӕцыдысты. Ӕмӕ схойгӕ дӕр ничи никӕй кодта! Хъӕлдзӕг, амондджын фӕсивӕд фӕлмӕн, уӕздан ныхас кодтой. Мӕ зӕрдӕмӕ ма тынг фӕцыд, иууылдӕр куыд аив конд уыдысты, уый дӕр. Иннӕ хатт мӕ сывӕллӕтты дӕр ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ мӕ сӕры хицауӕн дӕр бамбарын кӕндзынӕн, ӕгас бинонтӕй нӕ кӕй хъӕуы конгресмӕ ацӕуын, уый».

Ӕцӕгӕйдӕр, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд сыгъдӕгзӕрдӕ, куыд ӕнӕзӕрдӕхудт сты, стӕй сӕхи куыд сыгъдӕг дарынц, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззайы. Фӕлӕ, цымӕ, Ӕвдисӕнтӕ афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кӕнынц иннӕ адӕмӕй? Уымӕн ӕмӕ зӕрдиагӕй архайынц, Библийӕ цы базонынц, уымӕй царды пайда кӕныныл. Уӕдӕ хорз нӕ уаид, ацы аз сӕ конгрестӕй иумӕ кӕнӕ сӕ ӕрвылкъуырион фембӕлдтӕм бынӕттон Паддзахады залмӕ куы бацӕуис ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ дӕхи цӕстӕй куы фенис, уӕд?

[Ныв 32 фарсыл]

ЗАМБИ

[Ныв 32 фарсыл]

КЕНИ

[Ныв 32 фарсыл]

МОЗАМБИК

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын