Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w02 1/12 32 ф.
  • Ӕгъдау фидар кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕгъдау фидар кӕнын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
w02 1/12 32 ф.

Ӕгъдау фидар кӕнын

2001 азы кӕрон Мозамбичы паддзахадон радиойӕ радзырдтой:

«Республикӕйы президент уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы Мапутуйы. Уый Ӕвдисӕнтӕн загъта, цӕмӕй дарддӕр дӕр архайой бинонты ’хсӕн ӕгъдау фидар кӕныныл ӕмӕ кардзыд адӕмы кӕсын-фыссыныл ахуыр кӕныныл. Уыцы ахуырадон программӕ уал ныридӕгӕн баххуыс кодта иу-10 мин адӕймагӕн. Президент Чиссано куыд загъта, афтӕмӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ раппӕлинаг сты, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕнадӕн пайда сты ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц, нӕ бӕстӕ ахуырады къабазы нырма цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уыдон скъуыддзаг кӕнынӕн».

Уый фӕстӕ ралӕвӕрдтой президенты раныхасӕй скъуыддзаг: «Тынг ӕхсызгон нын у, бирӕты кӕй фӕнды адӕмӕн кӕсын-фыссын амонын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ не ’мбӕстӕгты, хуымӕтӕг адӕмы кӕй фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй нӕм къаддӕр уа ӕнахуыргонд адӕм. Уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕнды Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн зӕгъын, цӕмӕй адӕмы ахуыр кӕныны куыст уӕрӕхдӕр кӕной, цавӕрфӕнды ӕвзагыл ма уа, уӕддӕр. Иууыл ахсджиагдӕр уый у, ӕмӕ адӕм кӕсын-фыссын сахуыр уой, цӕмӕй сын кӕрӕдзиимӕ ӕнцондӕр уа ныхас кӕнын ӕмӕ сӕ бон уа дарддӕр ахуыр кӕнын».

Цӕмӕй адӕмӕн сӕхи бон уа Хуыцауы Ныхас кӕсын, уый тыххӕй Мозамбичы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 850 бынаты уадзынц кӕсын-фыссыны курсытӕ. Уымӕй уӕлдай ма алы къуыри дӕр иу-50 мин адӕймагимӕ хӕдзары лӕвар ахуыр кӕнынц Библи. Адӕттӕ иууылдӕр сты дунеон рухсадон куысты хай, ӕмӕ абон уагъд цӕуы 235 бӕстӕйы (Матфейы 24:14). Дӕуӕн дӕр уыцы программӕ, гӕнӕн ис, фӕахъаз уа. Уый тыххӕй дӕ бон у зӕгъын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕм ӕввахс чи цӕры, уыдонӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын