Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w03 1/4 3 ф.
  • Уыцы бон рохгӕнӕн нӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уыцы бон рохгӕнӕн нӕй
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо Чырысти цы хабар хъусын кодта, уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Цы сарӕзта Хуыцау адӕймагады фервӕзын кӕнынӕн
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Чырысти. Цӕмӕн амард?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Йесойы фӕстаг ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
w03 1/4 3 ф.

Уыцы бон рохгӕнӕн нӕй

УЫЦЫ бон адӕмы фидӕн ӕгасӕй дӕр фӕивта, ӕмӕ сын фадат радта ӕнустӕм амондджынӕй цӕрынӕн. Ӕгас историйы дӕргъы адӕмы фидӕныл уыцы боны хуызӕн ницы бандӕвта. Уый уыди, Йесо Чырысти зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрцыд, уыдӕттӕ иууылдӕр конд куы фӕци, уыцы бон. Хъизӕмӕртты цӕджындзыл зӕгӕлтӕй хуыд, йӕ фӕстаг сулӕфтимӕ ныхъхъӕр кодта: «Сӕххӕст ис!» (Иоанны 19:30). Цӕмӕн ӕрцыд Йесо зӕхмӕ?

Библийы дзырдӕуы: «Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Йесо йӕ уд, кӕнӕ йӕ цард, радта, цӕмӕй адӕм ссӕрибар уыдаиккой сӕ туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй. О, «Хуыцау афтӕ бауарзта дунейы, ӕмӕ Йӕ иунӕггуырд Фырты дӕр радта уымӕн, цӕмӕй Уый кӕй уырна, уый ма фесафа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16, НФ). Цӕй зынаргъ лӕвар у Йесойы нывонд!

Йесойы мӕлӕты бон ма рох кӕнӕн нӕй ноджы иу хъуыддаджы тыххӕй. Уыцы бон Хуыцауы Фырт йӕ апостолтӕн бамбарын кодта, иузӕрдионӕй баззайынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ. Йесо йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр сахаты размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон уыцы ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕмӕ куыд тынг бахъардтаиккой! Цӕуыл сӕ ахуыр кодта? Йӕ ныхӕстӕй нын зондӕн цы ис райсӕн? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын