Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w06 1/11 32 ф.
  • Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
w06 1/11 32 ф.

Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?

ЭЛИ Визель, Нобелы преми кӕмӕн радтой ӕмӕ Холокосты чи аирвӕзт, уый загъта: «Ацы фарсты хуызӕн адӕмы ӕндӕр ницы тыхсын кӕны». Цавӕр фарст? «Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?», зӕгъгӕ.

Ды ацы фарстыл искуы хъуыды кодтай? Бирӕтӕ йыл хъуыды кодтой, фӕлӕ йын дзуапп не ссардтой. Бритайнаг историк Арнолд Тойнби бирӕ фӕхъуыды кодта, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл, ӕмӕ ’рцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: «Адӕймаг уымӕн цӕры, цӕмӕй Хуыцауӕн кад кӕна ӕмӕ йын ӕнустӕм йӕ зӕрдӕ рухс кӕна».

Ӕртӕ мин азы размӕ, цардыл арф чи хъуыды кодта, ахӕм адӕймаг – зондджын паддзах Соломон – ацы фарстӕн радта раст дзуапп. «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн: тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Екклесиаст 12:13).

Ацы ахсджиаг хъуыдыйы фӕдыл ма дзырдта Йесо Чырысти дӕр. Зӕххыл куы уыди, уӕд ӕппӕт хъарутӕй дӕр архайдта йӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕныныл. Йе Сфӕлдисӕгӕн кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы уыди ӕцӕг амондджын. Уый йын лӕвӕрдта хъарутӕ ӕмӕ тых, ӕмӕ зӕгъгӕ дӕр уымӕн афтӕ кодта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уый фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоанны 4:34).

Уӕдӕ адӕймаг цӕмӕн райгуыры? Йесо, Соломон ӕмӕ Хуыцауы бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытау, Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ цард дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн, уыдзыстӕм амондджын. Нӕ дӕ фӕнды фылдӕр базонын, Хуыцауӕн «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый? (Иоанн 4:24). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты ацы фарстӕн, «Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?», зӕгъгӕ, дзуапп базонын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын