Кӕд цӕуынц чырыстӕттӕ мӕнӕуау луӕрст
ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сайтан куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат» (Лук. 22:31). Цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уымӕй?
Йесойы заманы мӕнӕу ӕфснайынӕн хъуыд бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Фыццаг-иу ӕфсиртӕ ӕркарстой. Уый фӕстӕ-иу сӕ хъӕбӕр зӕххыл фӕхостой кӕнӕ та-иу кусӕг фосыл найгӕнӕн дзоныгъ баифтыгътой ӕмӕ-иу сӕ банай кодтой. Афтӕмӕй-иу мӕнӕутӕ фӕхицӕн сты хъӕмп ӕмӕ цъӕмӕлӕй. Стӕй-иу сӕ дымгӕмӕ сдардтой. Сыгъдӕг мӕнӕутӕ-иу зӕхмӕ ӕрхаудысты, цъӕмӕлтӕ та-иу дымгӕ ахаста. Фӕстагмӕ-иу мӕнӕу балуӕрстой ӕмӕ-иу ын йӕ бырӕттӕ акалдтой.
Ӕцӕгдӕр, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй Сайтан карзӕй тох кодта Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ фыццаг ӕнусы, ӕмӕ абон немӕ дӕр тох кӕны (Еф. 6:11). Раст зӕгъгӕйӕ, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон иууылдӕр Сайтаны аххосӕй не сты (Еккл. 9:11). Фӕлӕ Сайтан ӕппӕт мадзӕлттӕй дӕр архайы, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Зӕгъӕм, йӕ бон у, ӕмӕ нӕ цыбӕл кӕна хъӕздыг цард кӕнынмӕ, ӕнӕуаг хиирхӕфсӕнтӕм ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕм. Уымӕй уӕлдай ма ныл Хӕйрӕг ардауы не ’мкъласонты, не ’мкусджыты ӕмӕ не ’нӕуырнӕг хӕстӕджыты, цӕмӕй мах дӕр ацы дунейы адӕмау тырнӕм хорз ахуырад ӕмӕ уӕлдӕр бынатмӕ. Цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, уый тыххӕй ма Сайтан адӕмы дӕр нӕ ныхмӕ скӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах «балуарынӕн» ма Сайтан пайда кӕны бирӕ ӕндӕр мадзӕлттӕй дӕр.
Куыд у нӕ бон ацы тыхджын знаджы ныхмӕ фӕлӕууын? Нӕхи тыхтӕй нын уый никуы бантысдзӕн. Сайтан махӕй тыхджындӕр у, фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ уымӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй у. Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ’ууӕндӕм, фидар фӕлӕууынӕн дзы зӕрдӕбынӕй зонд ӕмӕ хъӕбатырдзинад куы курӕм, стӕй йын йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нын ратдзӕн тых ӕмӕ Сайтаны ныхмӕ фӕлӕудзыстӕм (Пс. 25:4, 5).
Фӕлварӕнты хъуамӕ иртасын зонӕм, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу», уый – уӕд Сайтаны къӕппӕджыты нӕ бахаудзыстӕм (Дзут. 5:13, 14). Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ «раст цы у ӕмӕ цы нӕу», уый куы базонӕм, уӕд та уыцы раст фӕндагыл хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр фидарӕй цӕуӕм. Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст цы у, уый аразӕм (Еф. 6:10).
Сайтан архайы, цӕмӕй нӕ мӕнӕуау балуара. Фӕлӕ Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн (1 Пет. 5:9). Йегъовӕйы Ныхас дӕр нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн» (Иак. 4:7).