«Уый ӕцӕгдӕр у ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ стырдӕр ном»
Афтӕ загъта Николай Кузанский йӕ уацамынды 1430 азыa. Уыцы адӕймаджы бирӕ цыдӕртӕ цымыдис кодта, зӕгъӕм, ахуыр кодта грекъаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтӕ, философи, теологи, математикӕ ӕмӕ астрономи. 22-аздзыдӕй йын радтой Католикон канонон барады докторы ном. 1448 азы та йӕ сӕвӕрдтой кардиналӕй.
Иу-550 азы размӕ Николай Кузанский горӕт Кузӕйы байгом кодта хӕдзар зӕрӕдтӕн. Ныр уыцы хӕдзар у Кузанскийы библиотекӕ ӕмӕ дзы ис 300 къухфыстӕй фылдӕр. Уыдонӕй иу у Кузанскийы кодекс 220 (Codex Cusanus 220). Уыцы кодексы ис, Кузанский 1430 азы кӕй ныффыста, уыцы уацамынд, хуыйны «Райдианы уыди Дзырд» («In principio erat verbum»)b. Николай Кузанский дзы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, фыссы латинаг дамгъӕтӕй Iehoua (Йехоуа). Ацы къухфысты 56-ӕм фарсыл Хуыцауы номы тыххӕй ис ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ хоны Хуыцау йӕхи. Уый у тетраграмматон, ома арӕзт у цыппар дамгъӕйӕ. [...] Уый ӕцӕгдӕр у ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ стырдӕр ном». Николай Кузанскийы ныхӕстӕ ӕппындӕр нӕ дзырддаг кӕнынц, Хуыцауы ном рагон Дзуттаг Фыстыты кӕй ӕмбӕлы, уый (Рац. 6:3).
Уӕдӕ, тетраграмматон ахӕм хуызы «Йехоуа», зӕгъгӕ, кӕм ӕмбӕлы, уыцы рагондӕр документтӕй иу у Кузанскийы кодекс. Ацы къухфыст ма ноджыдӕр иу хатт бӕлвырд кӕны, ӕнусты дӕргъы, Хуыцауы ном иу ӕвзагӕй иннӕ ӕвзагмӕ хӕсгӕйӕ, арӕхдӕр кӕй пайда кодтой ном «Йегъовӕ»-йӕ алыхуызон формӕты.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Йе ’цӕг ном у Николай Кребс. Хонынц ма йӕ Николай Кузанец дӕр. Кузанский йӕ уымӕн хонынц, ӕмӕ райгуырд гыццыл немыцаг горӕт Кузӕйы. Уыцы горӕт ныр хуыйны Бернкастель-Кус, Боннӕй (Герман) йӕм хуссарырдӕм цӕуын хъӕуы 130 километры бӕрц.
b Ацы уацамынд бӕлвырд кодта уыцы хъуыды, зӕгъгӕ, Хуыцау у Ӕртӕиууон.
[Ныв 16 фарсыл]
Кузанскийы библиотекӕ