Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 15/11 29 ф.
  • Гыццыл чызджы рӕдаудзинад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Гыццыл чызджы рӕдаудзинад
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 15/11 29 ф.

Гыццыл чызджы рӕдаудзинад

ӔРӔДЖЫ Бразилийы иу фарастаздзыд чызг сфӕнд кодта Паддзахады хъуыддагӕн баххуыс кӕнын. Цы ӕхцатӕ ӕрӕмбырд кодта, уыдон дыууӕ дих акодта: 18 ӕмӕ 25 доллӕры. 18 доллӕры ныппӕрста, сӕхи ӕмбырды хӕрдзтӕн Паддзахады залы цы асыкк ис, уым, 25 доллӕры та арвыста сӕхи бӕстӕйы филиалмӕ. Уыцы ӕхцатимӕ ма арвыста гыццыл фыстӕг дӕр. Уым фыст уыд: «Ацы ӕхцатӕ ӕрвитын ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн. Тынг мӕ фӕнды баххуыс кӕнын, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн. Ӕз сӕ уымӕн ӕрвитын, ӕмӕ Йегъовӕйы бирӕ уарзын».

Ацы гыццыл чызджы йӕ ныййарджытӕ ахуыр кодтой, Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн алчи дӕр йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕна. Бамбарын ма йын кодтой, Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ кад кӕна, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уымӕй (Ӕмб. 3:9). Цӕй уӕдӕ мах дӕр уыцы гыццыл чызгау зынгзӕрдӕйӕ архайӕм, цӕмӕй Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа нӕхи бӕстӕйы дӕр ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын