Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 1/1 3 ф.
  • «Ӕрмӕст ма иу нуазын»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕрмӕст ма иу нуазын»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нозтӕй хъӕуы бӕрц зонын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нозтӕй бӕрц зонай?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Нозтӕй бӕрц зон
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 1/1 3 ф.

«Ӕрмӕст ма иу нуазын»

АЛЛЕН 11-аздзыдӕй райдыдта нуазынa. Йе ’мбӕлттимӕ-иу арӕх хъӕды хъазыд, ӕмӕ-иу киноты кӕй федтой, уыдоны фӕзмыдтой. Кӕй фӕзмыдтой, уыцы адӕм кӕд ӕцӕг нӕ уыдысты, уӕд нуазгӕ та ӕцӕгӕй кодтой.

Тонийыл 40 азы куы цыди, уӕд райдыдта нуазын. Райдианы алы изӕр дӕр иу-дыууӕ нуӕзта, стӕй та йын фондз-ӕхсӕзмӕ схызтызты. Ӕппынфӕстаг, боны дӕргъы-иу цал банызта, уымӕн-иу нымӕц нал уыд.

Аллены фӕндыд йӕ нозт ныууадзын ӕмӕ агуырдта ӕххуыс. Тонийы та нӕ фӕндыд, ӕмӕ не сразы йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлтты ӕххуысыл. Аллен абон дӕр удӕгас у ӕмӕ ацы хабӕрттӕ дӕр йӕхӕдӕг радзырдта; Тони та цалдӕр азы размӕ нозтджынӕй машинӕйы сбадт, аварийы бахауд ӕмӕ фӕмард.

Адӕймаг кӕд нуазгӕ иунӕгӕй фӕкӕны, уӕд, нозт цы зиан ӕрхӕссы, уый алыхатт иннӕтыл дӕр фӕзыны, суанг ма уый аххосӕй чидӕртӕ мӕлгӕ дӕр акӕныb. Фыднозт чи кӕны, уыдон арӕх иннӕты фефхӕрынц дзыхыныхасӕй кӕнӕ та сӕ нӕмгӕ дӕр фӕкӕнынц. Гӕнӕн ис, искӕмӕн фыдми дӕр бакӕной кӕнӕ искӕй амарой. Йе та расыгӕй машинӕйы куы сбадынц кӕнӕ ӕндӕр исты куыст куы фӕкӕнынц, уӕд тӕссаг вӕййы сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр, стӕй се ’нӕниздзинад дӕр фӕцуды. Фыднозт цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, уый аххосӕй дунейы хицауӕдтӕ алы аз дӕр бахардз кӕнынц ӕнӕнымӕц ӕхца. Ӕмӕ ӕнӕуи дӕр фыднозт стыр зиан хӕссы, чи нуазы, уыдонӕн сӕхицӕн дӕр, сӕ бинонтӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр.

Америкӕйы Ӕнӕниздзинады институт куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «арӕх чи нуазы, уыдонӕй алкӕмӕй нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ алкоголик у, иннӕмӕй та, алкоголиктӕй алчи алы бон нӕ фӕнуазы». Алкоголиктӕ чи не сты, уыдонӕй бирӕтӕ, сӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕ фӕцахуыр вӕййынц нозтыл. Иннӕтӕ та арӕх нӕ фӕнуазынц, фӕлӕ куы фӕнуазынц, уӕд сын фондзӕй дӕр ахизы.

Цас хъуамӕ бануазай, цӕмӕй дын ма фегӕр уа? Куыд ис базонӕн, ӕгъгъӕд дын у ӕви нӕ? (Ӕмбисӕндтӕ 23:29, 30). Иннӕ статьятӕй базондзыстӕм, Библи ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп дӕтты, уый.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

b Фыднозт чи кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ цыппар хатты фылдӕр сты, чи нуазы, ахӕм сылгоймӕгтӕй. Кӕд ацы статьяты нӕлгоймӕгты кой цӕуы, уӕддӕр, ам цы хъуыдытӕ ис, уыдон хауынц сылгоймӕгтӕм дӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын