Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 15/11 23 ф.
  • Йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕрмагонд хъусинаг
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Нӕ иудзинад ӕмӕ стыр фӕндтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцау нын цӕрӕнбонты йе стыр хорзӕхӕй хай кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 15/11 23 ф.

Йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты

ТЕОДОР ЯРАЧ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнгтӕй сӕ иу, йӕ зӕххон цард фӕци 2010 азы 9 июны, ӕртыццӕджы райсомӕй. Цыдис ыл 84 азы. Баззадис ын цардӕмбал Мелитӕ (иумӕ фӕцардысты 53 азы), афтӕ ма хистӕр хо йӕ лӕппу ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы.

Ярач райгуырд 1925 азы 28 сентябры Пайк-Каунтийы (штат Кентукки, АИШ). Донаргъуыд райста 15-аздзыдӕй, 1941 азы 10 августы. Дыууӕ азы фӕстӕ, 17 азы йыл куы цыд, уӕд райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодта 67 азы бӕрц.

Ӕфсымӕр Ярач 1946 азы 20-аздзыдӕй каст фӕци Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады 7 кълас. Ӕмӕ йӕ цӕугӕ цӕстдарӕгӕй снысан кодтой Кливлендмӕ (штат Огайо, АИШ). 1951 азы та йӕ снысан кодтой Австралийы филиалы цӕстдарӕгӕй. 1983 азы ӕрвылазон чиныджы фыст уыди, зӕгъгӕ, ӕфсымӕр Ярач «ӕппӕт удӕй тырныдта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид ӕмӕ, уацамынды хъуыддагӕн хорз разамынд кӕй лӕвӕрдта, уымӕй ӕнӕхъӕн бӕстӕйы ӕфсымӕрты зӕрдӕты зынг ссыгъта» («1983 Yearbook of Jehovah’s Witnesses»).

Ӕфсымӕр Ярач Америкӕйы Иугонд Штаттӕм фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд 1956 азы 10 декабры ракуырдта Мелитӕ Ласкойы. Ӕмӕ уый фӕстӕ райдыдта цӕугӕ цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Ярач йӕ цардӕмбалимӕ зылди Иугонд Штаттӕн йӕ фылдӕр хайыл, ӕмӕ бӕрӕг кодта, районты ӕмӕ облӕстты цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдон. 1974 азы кӕрон ӕфсымӕр Ярач сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнг.

Ӕфсымӕр Ярач нӕ зӕрдӕты баззайдзӕн, Йегъовӕйы бирӕ чи уарзта, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кодта ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы хъуыддагмӕ чи сарӕзта, ахӕм адӕймагӕй. Ярач йӕ цардӕмбалы бирӕ уарзта ӕмӕ йыл уыди тынг ӕнувыд. Стӕй уыд фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл никуы хъуыды кодта, фӕлӕ иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (1 Кор. 13:4, 5). Иннӕтыл тынг кӕй тыхст, уый бӕрӕг уыди, кӕй никӕй хъулон кодта ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕй. Адӕмы тынг бирӕ кӕй уарзта ӕмӕ сыл кӕй мӕт кодта, уый ма бӕрӕг уыд, зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уымӕй дӕр.

Абон немӕ нал ис, Вефилы бинонтӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дунейы ӕфсымӕртӕ дӕр бирӕ кӕй уарзтой, уыцы зынгзӕрдӕ ӕфсымӕр, ӕмӕ ууыл тынг хъыг кӕнӕм. Фӕлӕ нын тынг ӕхсызгон у, ӕфсымӕр Ярач бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй фӕлӕггад кодта, уый. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, Ярач мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад ӕмӕ кӕй райста «хӕрзиуӕг – цард» (Рарг. 2:10). Зонӕм ма уый дӕр, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ фӕдыл кӕй ацыдысты (Рарг. 14:13).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын