Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 15/3 6–7 фф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ноджыдӕр ма иу уацамындон балц Галилейы бӕстыл
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Галилейӕйы хъусын кӕны ӕмӕ апостолты ахуыр кӕны
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йӕ хабар дын фӕзминаг у ӕви зондзонӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Соломоны стыр зонд
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 15/3 6–7 фф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо Чырысти йӕ 12 апостолы хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд сын цымӕ загъта, цӕмӕй семӕ хъилтӕ райстаиккой ӕмӕ сӕ къӕхтыл дзабыртӕ скодтаиккой?

Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Йесо Чырысти йӕ апостолты хъусын кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд сын цы загъта, уый тыххӕй ӕртӕ Евангелийы цы фыст ис, уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты. Фӕлӕ Евангелитӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд иу цымыдисаг хъуыддаг бамбардзыстӕм. Фыццаг уал абарӕм Марчы ӕмӕ Лукайы ныхӕстӕ. Марчы чиныджы кӕсӕм: «[Йесо] сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕдзӕг йеддӕмӕ семӕ фӕндагмӕ мацы райстаиккой – нӕдӕр дзул, нӕдӕр хызын, нӕдӕр ӕрхуы ӕхца сӕ роны бастӕй, нӕдӕр ивӕн хӕдон, ӕмӕ цӕмӕй сӕ къӕхтыл скодтаиккой дзабыртӕ» (Мар. 6:7–9). Лука та фыссы: «Фӕндагмӕ уемӕ мацы райсут: нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хызын, нӕдӕр дзул, нӕдӕр ӕвзист ӕхца, нӕдӕр ивӕн хӕдон» (Лук. 9:1–3). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сты. Марчы чиныджы кӕсӕм, Йесо апостолтӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй семӕ лӕдзгуытӕ ахастаиккой ӕмӕ сӕ дзабыртӕ скодтаиккой. Лука та фыссы, семӕ ӕппындӕр кӕй мацы хъуамӕ ахастаиккой, суанг лӕдзӕг дӕр. Маркӕй уӕлдай Лука дзабырты кой не скодта.

Цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕ хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, ӕртӕ Евангелийы дӕр иумӕйагӕй цы ис, уымӕ. Матфейы 10:5–10 ӕмӕ иннӕ Евангелиты фыст ис, Йесо йӕ апостолтӕн кӕй загъта, цӕмӕй семӕ «ивӕн хӕдон» ма ахастаиккой. Апостолтӕй алкӕуыл дӕр уыди хӕдон, ӕмӕ сӕ семӕ ивӕн хӕдӕттӕ хӕссын нал хъуыди. Афтӕ уыди дзабырты хабар дӕр. Марк фыссы, кӕй сӕ хъуыди сӕ къӕхтыл сӕ дзабыртӕ скӕнын, ома кӕй дардтой, уыцы дзабыртӕ. Лӕдзгуыты хабар та куыд уыд? Иу энциклопедийы фыст ис: «Рагзаманты-иу, дзуттӕгтӕ фӕндагыл куы цыдысты, уӕд-иу семӕ лӕдзгуытӕ райстой» (Райд. 32:10) («The Jewish Encyclopedia»). Йесо йӕ апостолтӕн уыцы фӕдзӕхст куы радта, уӕд сӕм уыди лӕдзгуытӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Марк дӕр фыссы, фӕндагмӕ сӕ кӕй ницы хъуыди исын, сӕ къухты цы лӕдзгуытӕ уыди, уыдон йеддӕмӕ. Уӕдӕ ӕртӕ Евангелийӕ дӕр бӕрӕг у, Йесо йӕ апостолтӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕм цы уыди, уымӕй уӕлдай семӕ мацыуал ахастаиккой.

Уый кой кӕны Матфей дӕр. Матфей йӕхӕдӕг фехъуыста Йесойы фӕдзӕхст, ӕмӕ йӕ ныффыста: «Ма ахӕссут уемӕ сызгъӕрин, ӕвзист кӕнӕ ӕрхуы уӕ роны бастӕй, нӕдӕр хызын, нӕдӕр ивӕн хӕдон, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг, уымӕн ӕмӕ фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын къӕбӕр бахӕрын кӕной» (Матф. 10:9, 10). Цы зӕгъӕн ис, апостолтӕн сӕ къӕхтыл цы дзабыртӕ уыд ӕмӕ сӕ къухты цы лӕдзгуытӕ уыди, уыдоны тыххӕй та? Йесо сын афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй сӕхицӕн уыцы дзаумӕттӕ самал кодтаиккой. Ӕмӕ сын афтӕ дӕр нӕ загъта, уӕ дзабыртӕ ӕмӕ уӕ лӕдзгуытӕ аппарут, зӕгъгӕ. Ахӕм уынаффӕ сын цӕмӕн радта? Уымӕн ӕмӕ «фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын къӕбӕр бахӕрын кӕной». Йесо сын уыцы фӕдзӕхст ратгӕйӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уымӕй размӕ адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын цы загъта, уый: «Мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат, цы нуазат, науӕд, уӕ уӕлӕ цы скӕнат» (Матф. 6:25–32).

Адӕймаг фыццаг хатт Евангелиты фыст хабӕрттӕ куы бакӕса, уӕд зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, фӕлӕ уый афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыды иу у. Йесо йӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй сӕм цы уыди, уый ахастаиккой ӕмӕ семӕ ӕндӕр мацы райстаиккой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ницы цух ныууагътаид.

Цымӕ Иовы дудгӕбӕттӕ цас ахастой?

Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, Иовы дудгӕбӕттӕ бирӕ азтӕ кӕй ахастой. Фӕлӕ хъуыддаг ӕцӕгӕйдӕр афтӕ кӕй уыди, уый тыххӕй Иовы чиныджы ницы ис фыст.

Иовӕн йӕ дудгӕбӕттӕ райдыдтой, йӕ цот куы бабын сты ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕй ӕнӕхай куы фӕци, уӕд. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ ’рцыдысты цыбыр рӕстӕгмӕ. Иовы чиныджы кӕсӕм: «Иу бон, Иовӕн йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары... бадтысты,... хордтой ӕмӕ сӕн... нызтой». Уыцы рӕстӕг Иовмӕ фӕдисонтӕ иу иннӕйы фӕдыл райдыдтой цӕуын ӕмӕ йын ӕвзӕр хабӕрттӕ хъусын кодтой: йӕ галтӕ, йӕ хӕрджытӕ, йӕ фыстӕ ӕмӕ йын йӕ теуаты кӕй атардтой ӕмӕ сӕм чи каст, уыдоны та кӕй амардтой. Ӕвӕццӕгӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын фӕхабар кодтой, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ бабын сты, зӕгъгӕ. Уыцы бӕллӕх сыл ӕрцыд, сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары куы бадтысты, куы хордтой ӕмӕ сӕн куы нызтой, уӕд. Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы хабӕрттӕ ӕрцыдысты иу боны мидӕг (Иов 13:13–19).

Уый фӕстӕ Иовыл цы хабар ӕрцыд, уый ахаста фылдӕр рӕстӕг. Сайтан Йегъовӕмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, Иов иузӕрдионӕй ницы хуызы баззайдзӕн, йӕхи удыл исты куы ’рцӕуа, уӕд. Уӕд Сайтан Иовыл «сӕрӕй къӕхты бынмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ бафтыдта». Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, цасдӕр рӕстӕг рацыд, цалынмӕ уыцы низ йӕ буарыл нӕ апырх ис, уӕдмӕ. Стӕй ма хъуыд рӕстӕг, цӕмӕй, Иов цы «бӕллӕхтӕ баййӕфта», уый йе ’фсоны ныфсӕвӕрджытӕ фехъуыстаиккой, ӕмӕ йӕм ӕрбацыдаиккой (Иов 2:3–11).

Елифаз уыд Феманӕй, Едомы зӕххӕй. Софар та уыди Аравийӕ, цӕгат-ныгуылӕнырдыгӕй. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр дард нӕ цардысты Иовы райгуырӕн зӕхх Уцӕй. Уц уыд цӕгат Аравийы. Вилдад та уыди шуахаг. Шуахӕгтӕ цардысты Евфраты цӕугӕдоны былгӕрӕтты. Ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг Вилдад сӕхимӕ уыд, уӕд ӕй цалдӕр къуыри йе та цалдӕр мӕйы бахъуыдаид, цӕмӕй Иовы дудгӕбӕтты тыххӕй фехъуыстаид, ӕмӕ Уцмӕ ӕрцыдаид. Иовыл уыцы ӕнамонд хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, се ’ртӕ дӕр Иовӕй дард нӕ уыдысты. Ӕмӕ йӕм куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд «авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты», ӕмӕ дзы иуӕн дӕр йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схаудта (Иов 2:12, 13).

Фӕстагмӕ Иовыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй фыст ис Иовы чиныджы бирӕ сӕрты. Фыст дзы ис, Иовӕн йе ’фсоны ныфсӕвӕрджытӕ цытӕ дзырдтой ӕмӕ Иов ӕдзух йӕхи куыд рӕстытӕ кодта, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын йе ’мбӕлттӕй иу, ӕрыгон нӕлгоймаг, Елиуй, зӕгъгӕ, бауайдзӕф кодта. Ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр йӕ зонд сраст кодта (Иов 32:1–6; 38:1; 40:1–6; 42:1).

Иовы дудгӕбӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ ахастой кӕнӕ та, чи зоны, иу азӕй къаддӕр. Адӕймаг исты зын уавӕрты куы бахауы, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, цымӕ никуы фӕуыдзысты. Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, нӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, Иовы зындзинӕдтӕн кӕрон куыд ӕрцыди, афтӕ. Нӕ зындзинӕдтӕ цасфӕнды рӕстӕг ма ахӕссой, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Кӕд нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты, уӕд нын хӕсгӕ та кӕнынц, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад, ӕнусон кад» (2 Кор. 4:17). Апостол Петр та ныффыста: «Гыццыл рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ бавзардзыстут, фӕлӕ уӕ стӕй Хуыцау,– стыр хорзӕх иууылдӕр кӕмӕй цӕуы, Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стут, уый фӕрцы уӕ йе ’нусон кадмӕ чи ӕрхуыдта, уый,– кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Пет. 5:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын