Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Адӕймаг дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрынӕй сфӕлмӕцдзӕн?
▪ Библийы фыст ис, нӕ бон кӕй у ӕнустӕм цӕрын зӕххыл дзӕнӕты (Псалом 37:29; Лукайы 23:43). Адӕймаг ӕнустӕм куы цӕра ӕмӕ йӕ алыварс хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы уына, уӕд, цымӕ, ӕнкъард кӕндзӕн, искуы йӕ цардӕй сфӕлмӕцдзӕн?
Уый хорз фарста у. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй адӕймаг ӕдзух ӕнкъард куы фӕкӕны, уӕд стыхсы, йӕхимӕ ныхъхъусы ӕмӕ йӕхи тӕссаг хъуыддӕгтӕй нал фӕхизы. Цӕй тыххӕй цӕры, уый чи нӕ зоны кӕнӕ алы боны хъуыддӕгтӕй чи бафӕллад, уыдон сӕ цардӕй сфӕлмӕцынц. Цымӕ дзӕнӕты цӕргӕйӕ та адӕймаг, цӕй тыххӕй цӕры, уый нӕ зондзӕн ӕмӕ йӕ цардӕй фӕлмӕцдзӕн?
Фыццаг уал зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ӕнусон цардӕй ныфс ӕвӕры Хуыцау Йегъовӕ, Библи кӕй комытӕфӕй фыст у, уый (Иоанны 3:16; 2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуӕг у уарзондзинад (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ, царды хорзӕй цы ис, уыдӕттӕ иууылдӕр цӕуынц уымӕй (Иаковы 1:17).
Не Сфӕлдисӕг зоны: цӕмӕй амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ фыдӕбонӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕна ӕмӕ нын дзӕгъӕлы ма уа (Псалом 139:14–16; Екклесиаст 3:12). Адӕймаг дзӕнӕты исты кусгӕйӕ роботы хуызӕн нӕ уыдзӕн, йӕ куыст ын циндзинад хӕсдзӕн. Стӕй йӕ фыдӕбонӕй пайда кӕндзӕн йӕхӕдӕг ӕмӕ, кӕй уарзы, уыдон (Исай 65:22–24). Цымыдисаг ӕмӕ дын зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст куы уа, уӕд дӕ цардӕй сфӕлмӕцдзынӕ?
Бафиппайын ма хъӕуы уый дӕр, Йегъовӕ дзӕнӕты цӕрыны бар алкӕмӕн дӕр кӕй нӕ ратдзӕн, фӕлӕ йын йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, чи фӕзмы, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (Иоанны 17:3). Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕст кодта йӕ Фыды фӕндон. Амонд райсынӕй нӕ, фӕлӕ раттынӕй кӕнгӕ кӕй у, уый тыххӕй Йесо дзургӕ дӕр кодта ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр ӕвдыста (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Зӕххыл ногӕй дзӕнӕт куы уа, уӕд адӕм цӕрдзысты дыууӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ – уарздзысты Хуыцауы ӕмӕ иннӕты (Матфейы 22:36–40). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: дӕ алыварс ӕрмӕстдӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм, се ’ппӕт дӕр кӕрӕдзи уарзынц ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕны. Куыд дӕм кӕсы, ахӕм адӕмимӕ цӕрынӕй сфӕлмӕцӕн ис?
Дзӕнӕты-иу алы бон дӕр не Сфӕлдисӕджы тыххӕй ног цыдӕртӕ базондзыстӕм. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй абоны онг дӕр ахуыргӕндтӕ бирӕ диссӕгтӕ базыдтой (Ромӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын нырма йӕ хъуыддӕгтӕй ницы зонӕм. Цалдӕр мин азы размӕ Хуыцауӕн кувӕг нӕлгоймаг Иов Сфӕлдисӕджы хъуыддӕгты тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон абон махӕн дӕр нӕ бон у зӕгъын: «Адон сты йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам!» (Иов 26:14).
Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд дӕр Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй алцыдӕр никуы базондзыстӕм. Библийы фыст ис, Хуыцау нӕ афтӕ кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй нӕ ӕнустӕм цӕрын фӕнда. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Библи афтӕ дӕр зӕгъы, ӕмӕ «кӕронмӕ никуы базондзыстӕм, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Екклесиаст 3:10, 11). Куыд хъуыды кӕныс, не Сфӕлдисӕджы тыххӕй-иу алы бон дӕр ногӕй исты куы базонай, уӕд ахӕм цардӕй искуы схъыг уыдзынӕ?
Йӕ хъарутӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнынӕн чи не ’вгъау кӕны, уыдон суанг абон дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ не ’нкъард кӕнынц. Ӕмӕ мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм: ахӕм хъуыддагыл хӕст куы уӕм, уӕд никуы ӕнкъард кӕндзыстӕм ӕмӕ никуы сфӕлмӕцдзыстӕм – суанг ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд дӕр.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 27 фарсыл]
Зӕхх. Image Science and Analysis Laboratory, NASA-Johnson Space Center; Галактикӕ. The Hubble Heritage Team (AURA/STScI/NASA)