Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/11 30–31 фф.
  • Судзгӕ пецы нӕ басыгъдысты!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Судзгӕ пецы нӕ басыгъдысты!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Сӕ фыдвӕндтӕ сӕхиуыл ӕрцыдысты!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Дӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзур!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Моисей сразы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/11 30–31 фф.

Кӕстӕртӕн

Судзгӕ пецы нӕ басыгъдысты!

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс ӕмӕ, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

Сӕйраг архайджытӕ: Седрах, Мисах, Авденаго ӕмӕ Навуходоносор

Цӕуыл цӕуы ныхас: ӕртӕ дзуттаг лӕппуйӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд, ууыл.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС ДАНЕЛЫ 3:1–30.

Радзур, дӕ хъустыл цы уынӕртӕ ауад 3–7 стихтӕ кӕсгӕйӕ.

․․․․․

Радзур, дӕ цӕстытыл цыхуызӕнӕй уайы уыцы судзгӕ пец.

․․․․․

Навуходоносор бардзырд куы радта, цӕмӕй пец, куыд-иу ӕй стӕвд кодтой, уымӕй авд хатты тынгдӕр стӕвд кодтаиккой, уӕд, цымӕ, цавӕр хъӕлӕсӕй дзырдта? (Ногӕй бакӕс 19 ӕмӕ 20 стихтӕ.)

․․․․․

Радзур, дӕ цӕстытыл цыхуызӕнӕй уайы, пецы чи уыди, уыцы цыппӕрӕм адӕймаг. (Ногӕй бакӕс 24 ӕмӕ 25 стихтӕ.)

․․․․․

16–18 стихты Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго Навуходоносоримӕ куыд ныхас кодтой?

․․․․․

2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Ӕлмӕрин цас у, уый базон ӕмӕ банымай, Навуходоносор цы гуымиры саразын кодта, уый цӕйас уыд, уый. (Ногӕй бакӕс 1 стих.)

․․․․․

19, 20 стихтӕ абар 28, 29 стихтимӕ ӕмӕ зӕгъ, Навуходоносор цавӕр адӕймаг уыд, уый.

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...хицӕуттӕн кад кӕнын кӕй хъӕуы.

․․․․․

...цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл фидар лӕууын кӕй хъӕуы.

․․․․․

...Йегъовӕ фӕлварӕны рӕстӕг кӕй ӕххуыс кӕны.

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ.

Дӕ уырнындзинад цавӕр уавӕрты фӕлвӕрд цӕудзӕн?

․․․․․

Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы хабар дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар уай?

․․․․․

4 АЦЫ ХАБАРӔЙ ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР ДӔ ЗӔРДӔМӔ ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын