Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/10 3–4 фф.
  • Коррупци алы ран дӕр ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Коррупци алы ран дӕр ис?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Коррупци хицауады кусджыты ’хсӕн арф уидӕгтӕ ауагъта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Хуыцауы Паддзахад – коррупци кӕм нӕй, ахӕм хицауад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Коррупцийӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/10 3–4 фф.

Коррупци алы ран дӕр ис?

«Нӕ фирмӕ хицауадӕн цыдӕр куыстытӕ фӕкӕны. Арӕхдӕр нӕ не ’хцамӕ фӕхъӕуы дыууӕ-ӕртӕ мӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ мӕм ӕрӕджы телефонӕй иу хицау ӕрбадзырдта ӕмӕ мын загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын уе ’хца тагъддӕр раттӕм, уӕд, дам, нын дзы иу цасдӕр ныууадзут» (ДЖОН)a.

ӔВӔЦЦӔГӔН ӕй дӕуӕн дӕр дзурын нӕ хъӕуы, коррупци адӕмӕн цас зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, уый. Кӕд Джонӕй уӕлдай дӕуӕй комкоммӕ ӕхца никуы ничи домдта, уӕддӕр дӕуыл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, коррупцийы аххосӕй искуы исты ӕвзӕр хабар ӕрцыд.

Иу организаци, «Трансперенси интернешнл» (Transparency International), алы аз дӕр рауадзы Индекс. Уым ӕвдыст вӕййы, адӕм коррупцимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый. 2011 азы Индексы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 183 бӕстӕ ӕмӕ территорийӕн сӕ фылдӕры коррупци у тынг парахат. Уыцы организаци 2009 азы хыгъды ныффыста: «Иу бӕстӕйӕ дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дзы хицӕуттӕ сӕ бартӕй алкӕддӕр раст пайда кӕндзысты».

«Коррупци у, адӕймаг йӕ бартӕй йӕ дзыпп байдзаг кӕнынӕн куы фӕпайда кӕны, уый. Уый аххосӕй бирӕтӕ стыр зындзинӕдтӕ ’взарынц, уымӕн ӕмӕ сӕ цард, сӕ амонд ӕмӕ сӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕнгӕ сты, йӕ бартӕй раст чи пайда кӕны, ахӕм хицӕуттӕй» (ТРАНСПЕРЕНСИ ИНТЕРНЕШНЛ).

Коррупцийы аххосӕй стыр бӕллӕхтӕ дӕр ӕрцӕуы. Зӕгъӕм, журнал «Тайм»-ы фыст уыди, зӕгъгӕ, 2010 азы Гаитийы стыр зӕххӕнкъуысты уыйбӕрц адӕм кӕй фӕмард, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу уыди уый, ӕмӕ хицӕуттӕ сӕхи схъӕздыг кӕныныл архайдтой, стӕй сӕ хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты. Фыст ма дзы уыд: «Хӕдзӕрттӕ куы арӕзтой, уӕд дзы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ инженертӕ ӕппындӕр нӕ уыд, фӕлӕ дзы уыд, стыр гӕртӕмттӕ чи иста, бирӕ ахӕм инспектортӕ».

Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ коррупци нал уыдзӕн? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал хъӕуы бамбарын, коррупци цӕмӕн ис, уый. Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

a Ном ивд у.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын