Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/11 16–17 фф.
  • Хуыцау ӕгас дунейӕн иу хицауад сӕвӕрдзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау ӕгас дунейӕн иу хицауад сӕвӕрдзӕн?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/11 16–17 фф.

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Хуыцау ӕгас дунейӕн иу хицауад сӕвӕрдзӕн?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн-иу дӕумӕ дӕр чи фӕзынд, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.

1. Цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр иу хицауад уа?

Ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр адӕм арӕх февзарынц ӕмхуызон зындзинӕдтӕ. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕмӕн сӕ фылдӕр сты мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд. Иннӕ бӕстӕты та бирӕтӕм ис фагӕй фылдӕр. Ӕрмӕстдӕр ӕппӕтдунеон хицауадӕн бауыдзӕн йӕ бон зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕ афтӕ дих кӕнын, цӕмӕй мачи мацы цух ӕййафа. (Бакӕс Екклесиаст 4:1; 8:9.)

2. Ӕгас дунейы хицауады хицау чи уыдзӕн?

Бирӕты нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕгас дунейӕн иу хицау уа, уымӕн ӕмӕ уыцы куыст кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдзӕн, иу ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг дӕр нӕй. Зӕххыл иунӕг ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр чи фӕцӕуа. Уымӕй уӕлдай, искӕмӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ бартӕй алкӕддӕр раст пайда кӕндзӕн? Бирӕтӕ тӕрсынц, ӕппӕт адӕмӕн хицау чи уа, уый ӕгъатыр куы разына, уымӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:2; Йеремийы 10:23.)

Хуыцау Йегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы равзӕрста, цӕмӕй адӕмӕн ӕнустӕм паддзах уа (Лукайы 1:32, 33). Йесо зӕххыл куы цард, уӕд рынчынты дзӕбӕх кодта, сӕрныллӕг адӕмы ахуыр кодта, стӕй-иу сывӕллӕттӕн дӕр рӕстӕг ссардта (Марчы 1:40–42; 6:34; 10:13–16). Уӕдӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Чырыстийӕ хуыздӕр паддзах нӕй. (Бакӕс Иоанны 1:14.)

3. Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕгас дунейӕн иу хицау уа?

Хуыцау йӕ Фыртӕн бартӕ радта, цӕмӕй уӕларвӕй зӕххӕн разамынд дӕтта (Данел 7:13, 14). Зӕххон хицӕуттӕн ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй, разамынд цы бӕстӕйӕн дӕттынц, уыцы бӕстӕйы алы горӕты дӕр уой. Уӕдӕ цӕмӕй Чырысти дӕр адӕмӕн разамынд дӕтта, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ зӕххыл цӕра. (Бакӕс Матфейы 8:5–9, 13.)

Цымӕ, Чырысти Хицау уа, уый алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзӕн? Нӕ. Уый фӕцӕудзӕн, хорздзинад аразын чи уарзы, ӕрмӕстдӕр уыдоны зӕрдӕмӕ. Йегъовӕ зӕхх ссыгъдӕг кӕндзӕн, кӕй снысан кодта, уыцы уарзӕгой ӕмӕ раст Хицауы ныхмӕ чи у, уыцы адӕмӕй. (Бакӕс Матфейы 25:31–33, 46.)

4. Дунейы Хицау цы сараздзӕн?

Фыййау йӕ фысты куыд фембырд кӕны, афтӕ Йесо дӕр сӕрныллӕг адӕмы ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ӕмбырд кӕны ӕмӕ сын Хуыцауы закъӕттӕ, уарзондзинадыл чи ахуыр кӕны, уыцы закъӕттӕ, амоны (Иоанны 10:16; 13:34). Ахӕм адӕм слӕууынц Чырыстийы ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс (Псалом 72:8; Матфейы 4:19, 20). Уыцы адӕм ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр хъусын кӕнынц, Чырысти Паддзах кӕй сси, уый. (Бакӕс Матфейы 24:14.)

Чырысти тагъд йӕ бартӕй спайда кӕндзӕн, ӕмӕ адӕмы ӕвзӕр хицӕуттӕй фервӕзын кӕндзӕн. Йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй Йесо кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕттой (Данел 2:44; 7:27). Чырыстийы Паддзахад зӕхх байдзаг кӕндзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, фыццаг адӕм ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы дзӕнӕт ногӕй сараздзӕн. (Бакӕс Исайы 11:3, 9; Матфейы 19:28.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын