Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/12 8 ф.
  • Фарнмӕ тырнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарнмӕ тырнын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарн. Цӕй фӕрцы дзы схайджын уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/12 8 ф.

Фарнмӕ тырнын

«Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!» (ЛУКАЙЫ 2:14).

Иуӕй-иутӕ Рождество цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?

Алы аз дӕр Рождествойы рӕстӕг сауджынтӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ фӕдзурынц фарны хабары тыххӕй ӕмӕ сӕ ныфс вӕййы, зӕд цы фехъусын кодта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн: «Зӕххыл... йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн». Иуӕй-иутӕ та уыцы рӕстӕг бакувынмӕ ацӕуынц сыгъдӕг бынӕттӕм.

Уый зын бамбарӕн цӕмӕн у?

Рождествойы рӕстӕг адӕмы ’хсӕн кӕд фарн вӕййы, уӕддӕр бирӕ нӕ ахӕссы. Зӕгъӕм, 1914 азы декабры Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы, бритайнаг ӕмӕ немыцаг ӕфсӕддонтӕ акъоппытӕй схызтытсты, ӕмӕ Рождество иумӕ бӕрӕг кодтой. Иумӕ хордтой, нуӕзтой ӕмӕ тамако дымдтой. Суанг ма футболӕй дӕр хъазыдысты. Фӕлӕ уыцы сабыр рӕстӕг бирӕ нӕ ахаста. Иу бритайнаг ӕфсӕддон хӕсты быдырӕй кӕй сӕрвыста, уыцы писмойы ныффыста, иу немыцаг ӕфсӕддон ын цы загъта, уый: «Абон не ’хсӕн ис фарн. Фӕлӕ райсом ды дӕ бӕстӕйы сӕрыл хӕцдзынӕ, ӕз та – мӕ бӕстӕйы».

Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

«Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон... Ӕмӕ йӕ хондзысты... Фарны кънйаз. Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл, ӕмӕ... йӕ паддзахад уыдзӕн ӕгӕрон фарнӕй хайджын» (Исай 9:6, 7). Ацы ныхӕстӕ хауынц Йесо Чырыстимӕ, ӕмӕ нӕ стыр ныфс уадзынц. Йесо зӕхмӕ уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй афӕдз ӕрмӕстдӕр иу бон уа адӕмы ’хсӕн фарн. Чырысти, уӕларвон Паддзахады Паддзах, зӕххыл ӕцӕг фарн ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ уыцы фарн никуы фӕуыдзӕн.

«Мӕн [Йесойы] фӕрцы фарнӕй хайджын уыдзыстут. Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоанны 16:33). Суанг абон дӕр Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн фарн уа. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕвзарынц алыхуызон зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ Библийӕ зонынц, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ Чырысти зӕхмӕ ӕгӕрон фарн куыд ӕрхӕсдзӕн, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕты ныридӕгӕн дӕр ис фарн.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕд алы адӕмыхӕттытӕй сты ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр се ’схӕн ис фарн, уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ. Ӕмбырдмӕ сӕм куы бацӕуай, уӕд уый дӕхӕдӕг дӕр фендзынӕ. Чи зоны, ды дӕр бирӕтау сразы уыдзынӕ, уыцы фарн, Рождествойы рӕстӕг адӕмы ’хсӕн цы фарн вӕййы, уымӕй бирӕ хуыздӕр кӕй у.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕд алы адӕмыхӕттытӕй сты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр се ’схӕн ис фарн. Ӕмбырдмӕ сӕм куы бацӕуай, уӕд уый дӕхӕдӕг дӕр фендзынӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын