СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДӔУ ТЫХХӔЙ ЦЫ САРӔЗТА?
Ӕнӕмӕнгӕй-иу ӕрбацу!
Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой, кӕнӕ бӕрӕг кодтаиккой, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уыцы хабар. Донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн райста ӕмӕ сын бацамыдта, Сусӕг ӕхсӕвӕр, кӕнӕ Хицауы ӕхсӕвӕр, куыд бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый. Загъта сын: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19).
Алы аз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц Чырыстийы мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныны тыххӕй. 2014 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 14 апрелы, къуырисӕры, хурныгуылды фӕстӕ.
Уыцы фембӕлдмӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм. Уым фылдӕр базондзынӕ, Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста, уый тыххӕй. Уыцы фембӕлдмӕ йӕ бон у ӕрбацӕуын алкӕмӕн дӕр. Ӕхца дзы нӕ фембырд кӕнынц. Кӕм цӕрыс, уым Ӕрымысӕн изӕр кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый дӕ бон у базонын, ацы журнал дын чи радта, уымӕй кӕнӕ та нӕ сайты jw.org. Кӕд уыдзӕн, уый дӕхимӕ фӕнысан кӕн. Ныфс нӕ ис, ӕнӕмӕнгӕй кӕй ӕрбацӕудзынӕ.