Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/1 13 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Паддзах Чырысти тӕрхон кӕны фыстӕн ӕмӕ сӕгътӕн
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Адӕмы цард раджы заманты. Фыййау
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцау арфӕ кӕны, чи йын лӕггад кӕны, уыдонӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/1 13 ф.

ЗЫДТАЙ ЙӔ?

Библийы кӕцыдӕр тӕлмацты дзырд «евнух» цӕмӕ амоны?

Евнухы ныв ассириаг къӕйдурыл

Евнухы ныв ассириаг къӕйдурыл

Хатт афтӕ хуыдтой, ӕрдызт чи уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты. Рагзаманты-иу нӕлгоймӕгтӕй кӕйдӕрты бардызтой, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй бафхӕрдтой. Афтӕ ма кодтой, уацары-иу кӕй акодтой кӕнӕ цагъар чи уыди, уыцы нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Ӕрдызт нӕлгоймӕгтӕй-иу ӕууӕнк кӕуыл уыд, уыдон-иу сӕ хъус дардтой паддзахы гаремтӕм. Зӕгъӕм, Гегай ӕмӕ Шаазгаз хъахъхъӕдтой персайнаг паддзах Ахашверошы устыты ӕмӕ номылустыты (ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Ахашверош уыди Ксеркс I) (Есфир 2:3, фиппаинаг; 2:14). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм нӕлгоймӕгтӕн бар нӕ уыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ӕмбырды хай суыдаиккой (Дыккаг закъон 23:1). Ӕмӕ никуы ис фыст, израилӕгтӕй кӕнӕ ӕрцӕуӕггаг адӕмӕй Израилы паддзӕхты галуанты чи лӕггад кодта, уыдон ӕрдызт кӕй уыдысты. Закъонмӕ гӕсгӕ-иу цагъартӕн хъуамӕ сунӕт скодтаиккой, ӕрдузгӕ сӕ нӕ кодтой. Фӕлӕ ахӕм ӕгъдау уыд мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕм. Хӕсты рӕстӕджы-иу уацары цы сывӕллӕтты акодтой, уыдонӕй-иу кӕйдӕрты бардызтой.

Рагзаманты-иу фыййӕуттӕ фысты сӕгътӕй цӕмӕн ахицӕн кодтой?

Фыййау фысты дзугимӕ

Фидӕны цы тӕрхон уыдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо Чырысти загъта: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд... фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы» (Матфейы 25:31, 32). Цымӕ-иу рагзаманты фыййӕуттӕ фысты сӕгътӕй цӕмӕн ахицӕн кодтой?

Боны дӕргъы-иу фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ иумӕ хызтысты. Ӕхсӕв та-иу сӕ батардтой ӕхгӕд фосы кӕртмӕ, цӕмӕй-иу сӕ хъахъхъӕдтаиккой сырдтӕй, къӕрныхтӕй ӕмӕ уазалӕй (Райдиан 30:32, 33; 31:38–40). Фӕлӕ-иу фыстӕ ӕмӕ сӕгъты бакодтой хицӕн кӕртыты. Уый фӕрцы-иу хивӕнд сӕгътӕй «сабыр» фысты хъахъхъӕдтой, уӕлдайдӕр та сыл фысты ӕмӕ уӕрыччыты. Иу чиныджы куыд фыссынц, афтӕмӕй ма-иу фыййӕуттӕ фысты сӕгътӕй ахицӕн кодтой, «фос-иу куы схъазыдысты, куы-иу сӕ дыгътой ӕмӕ-иу сӕ куы ӕлвыдтой, уӕд» дӕр (All Things in the Bible). Уӕдӕ Йесо йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны дзырдта, рагзаманты Израилы адӕмӕн хорз зонгӕ чи уыди, ахӕм хабӕртты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр цардысты хъӕуты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын