СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ СТЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ?
Цавӕр адӕм сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?
Мах стӕм ӕппӕтдунеон организаци, иннӕ динтимӕ баст не стӕм. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад Америкӕйы Иугонд Штатты ис, уӕддӕр сӕ фылдӕр цӕрынц ӕндӕр бӕстӕты. Стӕм иу-8 милуаны ӕмӕ 230 бӕстӕйӕ фылдӕры адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнӕм. Уымӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матфейы 24:14).
Ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр хицауады закъӕттӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнӕм, фӕлӕ политикӕйӕ нӕхи хизӕм, уымӕн ӕмӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ацы дунейӕ не стут». Уӕдӕ политикӕимӕ ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты ӕппындӕр нӕ архайӕм (Иоанны 15:19; 17:16). Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ никӕй фарс хӕцыдысты, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ахстой, фыдмитӕ сын кодтой ӕмӕ сӕ мардтой. Германийы чи цӕры ӕмӕ раздӕр епископ чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаг ныффыста: «Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ дины тыххӕй Ӕртыккаг рейхы фарс ӕрмӕстдӕр уыдон нӕ уыдысты».
«[Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ] сты хӕрзӕгъдау адӕм. Бӕргӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕм удуӕлдай адӕм политикӕйы стыр бынӕттӕ ахсой – фӕлӕ уый никуы уыдзӕн. [...] Хицауадӕн аргъ кӕнынц, фӕлӕ сӕ фидарӕй уырны, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн» (газет «Нова свобода», раздӕры Чехословаки).
Фӕлӕ уӕддӕр адӕмӕй нӕхи иуварс нӕ кӕнӕм. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй Хуыцаумӕ афтӕ куывта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай» (Иоанны 17:15). Уымӕ гӕсгӕ нӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕуыныс, адӕмимӕ куыд кусӕм, цыдӕртӕ куыд фелхӕнӕм ӕмӕ скъоламӕ куыд цӕуӕм.